ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны УУМ-ы зынгвæдисонтæ ахуыссын кодтой хуыцаубоны зынгсирвæзт Знауыры районы, фехъусын кодта Sputnik УУМ-ы пресс-секретарь Тедеты Роза.
Хуыцаубоны бонæй Знауыры районы ссыгъдысты быдыртæ. Хус кæрдæг ссыгъд Уелит, Метех æмæ Принеуы хъæуты. УУМ-ы кусджытæ скъахтой зынгсирвæзты ныхмæ къахтбырутæ, цæмæй зынг ма æрбаввахс уа хъæутæм.
"20 гектары бæрц зынгсирвæзт ахуыссын кæнынмæ æрвыст æрцыдысты УУМ-ы сыгъдхуыссынгæнæн къордтæ иууылдæр. Сыгъдхуыссынгæнджытæн бантыст ахуыссын кæнын зынг хуыцаубоны изæрмæ. Зианбаййафджытæ дзы нæй", — загъта Тедеты Роза.
Уый банысан кодта, ссыгъды аххосаг кæй ссис адæймагон фактор.