Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг радта диппаспорт Джульетто Кьезайӕн

© Пресс-служба МИД РЮО Медойты Дмитрий ӕмӕ Джульетто Кьеза
Медойты Дмитрий ӕмӕ Джульетто Кьеза - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Министр ӕмӕ Европарламенты Хуссар Ирыстоны минӕвар фембӕлдысты Римы

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий радта республикӕйы дипломатон паспорт Европарламенты РХИ минӕвар Джульетто Кьезайӕн, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
ФХМ-ы сæргълæууæджы визит Италимæ: уæрæх кæнæм контакттæ

Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг ис кусӕгон балцы Италийы.

"Медойты Дмитрий Кьезайӕн диппаспорт радта сӕ фӕмбӕлды рӕстӕджы, кӕцы уагъд ӕрцыд, Италийы информацийы фӕрӕзты кусджытӕн министр цы пресс-конференци радта, уый фӕстӕ", — дзырдӕуы ӕддагполитикон ведомствӕйы хъусинаджы.

Уыцы бон ма Медойты Дмитрий фембӕлд Хуссар Ирыстонӕй ацӕуджытыл, кӕцытӕ ныртӕккӕ цӕрынц Италийы.

Италимӕ кусӕгон балцы фӕлгӕтты ма ФХМ сӕргълӕууӕг фӕнд кӕны ныццӕуын Флоренцимӕ, цы ран уагъд ӕрцӕудзӕн йӕ фембӕлд ахуыргонд-историк, профессор Франко Кардиниимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0