"Лирика"-йы тыххæй Хуссар Ирыстоны бадын кæндзысты ахæстоны

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламент æввахс рæстæджы æркæсдзæн медпрепарат "Лирика" æмæ йæ аналогтыл тобæ сæвæрыны фæдыл законмæ барастгæнинæгтæм

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент нывæнды фæкарздæр кæнын республикæйы тобæгонд медицинон препарат "Лирикæ" уæй кæнын æмæ пайда кæнын фæдыл æфхæрд. Законмæ барастгæнинæгтæм депутаттæ æркæсдзысты æввахс рæстæджы, загъта закондæттынад, закондзинад æмæ бынæттон хиуынаффæйады парламентон комитеты разамонæг Коцты Олеся.

Лирика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг сылгоймаджы та ногæй æрцахстой "Лирика" æрбаласгæйæ

Хуссар Ирыстоны парламент 2015 азы райста закон, кӕцы тобӕ ӕвӕры "Лирика" ӕмӕ йӕ аналогтӕй ӕназаконон пайдакӕнынад, реализаци ӕмӕ ӕрбаластыл. Ныры онг дæр ма фæткхалджытæ аирвæзынц 20 мин сомæй фылдæр иварыл. Фæлæ МХМ-ы фехъусын кодтой, ацы æфхæрд фæткхалджыты кæй нæ уромы æмæ арæх закон халынц уыцы иу адæм.

"Президент æмæ комитетæн йæхи хъæппæрисæй прокуратурæйы органтимæ æнгом æмгуыстады уагъд цæуы куыст Хуссар Ирыстоны тобæгонд препараттимæ баст фыдракæндты ныхмæ санкцитæ фæкарздæр кæныныл, сæрмагондæй "Лирика" æмæ "Прегабалин" цы препаратты сконды ис", — хъусын кæны парламентарийы ныхæстæ закондæттæн органы пресс-службæ Коцты Олесяйы ныхæстæ.

Уый банысан кодта, нырма уал ацы фыдракæндты ныхмæ кæй кусы административон закондæттынад, ома иварон санкцитæ, фæлæ ацы фарсты æвæрццаг динамикæ кæй нæй æмæ фыдракæндтæ дарддæр арæзт кæй цæуынц, растдæр уаид фыдракæнды рецидив уголовон закондæттынады барадон фæзуатмæ ракæнын.

"Мах хъуыдымæ гæсгæ, фыдракæнды рецидивæн хъуамæ лæвæрд цæуа криминалон нысаниуæг", — загъта депутат.

Амæй размæ ацы хъæппæрис хорзыл банымадта президент Бибылты Анатолий. Уый банысан кодта, тобæгонд препаратты парахатгæнджытæ адæмы æнæниздзинадæн зиан хæссынæй дарддæр ма сæ кæй ардауынц фыдракæндтæ аразынмæ.

Медиционон нысæнтты тыххæй препарат ласы республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад. "Лирика" цы рынчынты хъæуы, уыдонæн ис фадат уый балхæнын паддзахадон афтеччыты дохтыры рецептмæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0