Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæивары фæстæ феддæдуар кодтой Хуссар Ирæй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæны фадыг
Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæны фадыг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнсæтджытæ æрлæууыдысты тæрхондоны раз, кæцы сыл сæвæрдта административон бæрн

ЦХИНВАЛ, 8 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад адæтта Гуырдзыстонæн йæ æмбæстæгтæй дыууæйы, кæцыты амæй размæ æрцахстой республикæйы паддзахадон арæны режим фехæлды тыххæй, фехъусын кодтой Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæйы.

Арæнсæттджыты æрцахстой 3 æмæ 5 ноябры Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæны фадыгыл Знауыры районы Балтайы хъæумæ æввахс.

"Уыдон сты Гуырдзыстоны Карелы районы Атоци æмæ Чвринисийы хъæуты цæрджытæ – Плиты Земфира (1971 а. г.) æмæ Джеранашвили Придон Арсены фырт (1975 а. г.)", — фехъусын кодтой ПӔК-ы.

Знауыры районон тæрхондон аскъуыддзаг кодта азымгæндтæн административон бæрн ивары хуызы. Йæ бафидыны фæстæ уыдон федæддуар кодтой Гуырдзыстонмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0