"Симд" Цхинвалы: ансамбль ратдзæн стыр концерт

Рафыссын
Националон аивад уарзджытæм æнхъæлмæ кæсы хъæзныг программæ хоры артисттæ æмæ кафты къорды сæххæстæй

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik, Босыкты Наталья. Кафт æмæ зарды хуссарирыстойнаг паддзахадон ансамбль "Симд" ратдзæн æххæст концертон программæ Цхинвалы цыппæрæмы, уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта коллективы директор Гаглойты Ростик.

Ансамбль СИМД - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Симд" йæ программӕ баххӕст кодта фондз ног кафтӕй

Концерт ацæудзæн ПККЗ "Чермен"-ы адæмон хоры зындгонд артист Хетæгкаты Альберты цытæн.

Ансамблы къухдариуæггæнæг банысан кодта, националон аивад уарзджытæм кæй æнхъæлмæ кæсы хъæзныг программæ хоры артисттæ æмæ кафты къорды сæххæстæй.

Хуссар Ирыстоны сæйраг кафты коллектив ивгъуыд мæй равдыста концерттæ кæцыдæр уæрæсейаг горæтты. Гастролон туры фæлгæтты ансамбль радта концерттæ Челябинскы областы æмæ Екатеринбурджы.

"Коллективы фыццаг концерт ацыд 30 октябры горæт Кыштымы, дыккаг бон мах æвдыстам нæ арæхстдзинад Челябинскы, уый фæстæ та Саткайы. Дыккæгæм ноябры уыд гала-концерт, "Симд" æрбайгом кодта дыккаг хай. Тур Уралыл мах балхынцъ кодтам Екатеринбурджы. Публикæ нæ айста иттæг хорз", — загъта Гаглойты Ростик.

Галаты Борисы номыл Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль "Симд" сырæзт 1936 азы. Уæдæй фæстæмæ "Симд" схъомыл кодта профессионалон артистты, композиторты, хореографты æмæ кафджыты æнæхъæн плеядæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0