Цхинвалы дуканитæй иуы кусæджы æрцахстой "снюс" уæй кæныны тыххæй

Рафыссын
Тобæгонд буарад ссардæуыд контролон балхæды рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 21 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ-ы кусджытæ ссардтой Цхинвалы хæлцадон дуканитæй иуы тобæгонд тамако "снюс", хъусын кæны барадхъахъхъæнæг ведомствæйы пресс-службæ.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент тобæ сæвæрдта "снюс" æмæ "насвай" парахат кæныныл

Ведоствæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй барахъахъхъæнджытæ сарæзтой басгæрстон балхæд хæлцадон дуканийы, кæцыйы хицау у 41-аздзыд Цхинвалы цæрæг сылгоймаг, кæцы сын рауæй кодта дыууæ тыхтоны "снюс".

"Дукани басгарыны рæстæджы ссардæуыд æмæ байстæуыд ноджы 83 тыхтоны æмæ 13 фабрикæйон къоппы æууилгæ тамакоимæ. Буарад æрвыст æрцыд МХМ-ы экспертон-криминалистон хайадмæ иртастмæ æмæ сæ информацимæ гæсгæ, уый у 236,52 грамм тобæгонд буарад "снюс", — дзырдæуы хъусинаджы.

Снюс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы дуканитæй иуы разынд тобæгонд "снюс"

Барадхъахъхъæнджытæ сбæлвырд кодтой дуканийы хицауы архæйдтыты æууилгæ тамако "снюс", "насвай" æмæ æндæр ӕнгӕс буарадты æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобæ сæвæрыны фæдыл законмæ гæсгæ административон фæткхæлды æууæлтæ.

Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, уый баконд æрцыд административон ахæсты 15 суткæмæ.

Хуссар Ирыстоны парламент марты райста æууилгæ тамако "снюс", "насвай" æмæ æндæр ӕнгӕс буарадты æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобæ сæвæрыны фæдыл закон.

Фæткхалджытæ фиддзысты ивар 20-150 мин сомы, кæнæ дыууæ мæйы æмгъуыдмæ баконд æрцæудзысты ахæстоны тобæгонд тамако æмæ ӕндӕр ӕнгӕс буарадтӕ парахат кæныны тыххæй.

Ацы нормативон акт райсыны Sputnik Хуссар Ирыстон райста активон хайад. Агентады журналисттæ æндæраз сарæзтой контролон балхæд, уый фæстиуæгæн рабæрæг, сывæллæттæн фадат кæй ис базарадон объектты сæрибарæй балхæнын æууилгæ тамако "снюс". Сайт Sputnik цалдæр публикацийы фæстæ парламент фехъусын кодта, кæй фæнд кæнынц йæ реализаци æрæхгæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0