Sputnik уацхæссæг ссис литературон конкурсы уæлахиздзау

© Sputnik / Лев Рыжков "Булæмæргъ"
Булæмæргъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æвзонг поэт Уалыты Диана ссис æхсæнадæмон литературон преми "Булæмæргъ"-ы лауреат

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Sputnik Хуссар Ирыстоны журналист Уалыты Диана ссис ирон æвзаг æмæ литературæйы фадыджы æхсæнадæмон литературон преми "Булæмæргъ"-ы уæлахиздзау. Хорзæх кæныны церемони ацыд Мæскуыйы, 27 ноябры.

"Уый уыд æхсызгон хабар, фæлæ мын уыд æнæнхъæлæджы. Мæнæн æхсызгон у, æвзонг авторты архайд æнæхъусдард кæй нæ зайы", — загъта Диана.

Къуырисæры Мæскуыйы цы литератортæн цыт кодтой, уыдоны ʻхсæн ма ис Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæй ахуыргæнæг Томайты Роксана. Уый мадæлон æвзагмæ ривта скæсæйнаг аргъæуттæ "Тысяча и одна ночь".

Бестауты Аланӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Булæмæргъ"-ы лауреат Бестауты Аланӕ: Ирыстон фысджыты фæндиаг уæд

"Тынг рагæй цæттæ кодтон ацы церемонимæ мæхи. Фыццаг хатт дæн ахæм мадзалы. Бузныг Хуссар Ирыстоны минæварадæн", — загъта Роксана.

Премийы æртыккаг лауреат та разынд бынтон æрыгон – Мæргъиты Алимыл цæуы æрмæстдæр 10 азы, чысыл фыссæг ахуыр кæны Цхинвалы дыккæгæм скъолайы. Цалынмæ аивадмæ рбацыд, уæдмæ йæхи сфæлвæрдта гимнастикæ æмæ боксы дæр.

"Ӕз фыссын радзырдтæ. Мæ уацтæ фыссын ирон æвзагыл. Мæ хиуæттæ мын дзырдтой, бирæ куы фыссон, уæд преми кæй райсдзынæн. Фысдзæн дарддæр дæр", — дзуры чысыл лæппу.

Ирон æвзаджы райрӕзт æмæ парахат кæныны нысанӕн Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы расидт литературон преми "Булæмæргъ" фыццаг хатт 2015 азы кæрон.

© Sputnik / Лев Рыжков "Булæмæргъ".
Булæмæргъ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/7
"Булæмæргъ".
© Sputnik / Лев Рыжков "Булæмæргъ".
Булæмæргъ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/7
"Булæмæргъ".
© Sputnik / Лев Рыжков "Булæмæргъ".
Булæмæргъ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/7
"Булæмæргъ".
© Sputnik / Лев Рыжков "Булæмæргъ".
Булæмæргъ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/7
"Булæмæргъ".
© Sputnik / Лев Рыжков "Булæмæргъ".
Булæмæргъ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/7
"Булæмæргъ".
© Sputnik / Лев Рыжков "Булæмæргъ".
Булæмæргъ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/7
"Булæмæргъ".
© Sputnik / Лев Рыжков "Булæмæргъ".
Булæмæргъ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/7
"Булæмæргъ".
1/7
"Булæмæргъ".
2/7
"Булæмæргъ".
3/7
"Булæмæргъ".
4/7
"Булæмæргъ".
5/7
"Булæмæргъ".
6/7
"Булæмæргъ".
7/7
"Булæмæргъ".

Минæварад преми расиды организаци "Стройцентр"-ы æххуысæй. Ивгъуыд азы конкурсы хайад райстой куыд зындгонд поэттæ, афтӕ ӕвзонг курдиатджын автортæ дӕр.

"Булæмæргъ"-ы фыццаг премийы лауреаттæ ссисты: Плиты Инал тæлмац æмдзæвгæты тыххæй, газет "Хурзæрин"-ы кусæг, поэт Годжысаты Нелли, фарастæм къласы ахуырдзау Бестауты Аланӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0