Театрӕй парламентмӕ: Уанеты Ӕхсар ссис Хуссар Ирыстоны депутат

© Sputnik / Плиты ФатимаРХИ адӕмон артист Уанеты Ӕхсар
РХИ адӕмон артист Уанеты Ӕхсар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уанеты Ӕхсар у хуссарирыстойнаг театры ирддӕр актертӕй иу

ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik, Козаты Диана. Тасойты Дмитрийы депутатон мандат радтой Хуссар Ирыстоны Адӕмон артист Уанеты Ӕхсарӕн.

РХИ Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тасойты Дмитрийы депутатон мандат радтой Уанеты Ӕхсарӕн

Тасойты Дмитрийы мандат ссӕрибар ис октябры, уымӕн ӕмгъуыдӕй раздӕр йе ‘ххӕстбартӕ куы ӕрурӕдтой, уӕд.

Вакантон мандат парламенты ӕхсӕзӕм ӕрсидты парламенты депутаттӕм "Иугонд Ирыстон"-ӕй регистрацигонд кандидатӕн раттыныл депутаттӕ сразы сты ӕмхъӕлӕсӕй.

Уанеты Ӕхсар у хуссарирыстойнаг театры ирддӕр актертӕй иу. Актерон кустӕй дарддӕр ма уый сӕвӕрдта сценӕйыл дӕс спектаклӕй фылдӕр. Къухдариуӕгад ма кӕны Цхинвалы районы адӕмон театрӕн дӕр.

Айразмӕ ма Тасойты Дмитрий сӕрибар ӕрцыд вице-спикер ӕмӕ хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕджы бынӕттӕй дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0