Ног Инвестпрограммæ: цы сараздзысты Хуссар Ирыстоны 2018-2019 æзты

© Sputnik / Алексей КовалевФæндæгты арæзтад
Фæндæгты арæзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног Инвестпрограммæйы реализацийæн уæрæсейаг бюджетæй рахицæнгонд æрцæудзæн 4, 3 млрд сомы

ЦХИНВАЛ, 19 дек — Sputnik, Козаты Диана. Ӕввахс дыууæ азы Хуссар Ирыстоны сараздзысты дыууæ ног сабидоны, адарддæр уыдзæн фæндæгты, цæрæнуаты æмæ медицинон уагдæтты арæзтад.

Мадзæлттæ рагхыгъд цæуынц ног Инвестицион программæйы, кæцы фидаргонд æрцыд 13 декабры уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æхсæнхицауадон къамисы рабадтыл. Программæйы 51 пункты реализацийæн уæрæсейаг бюджетæй рахицæнгонд æрцæудзæн 4, 3 млрд сомы.

"Дыууæ сабидоны арæзт æрцæудзысты горæт Цхинвалы – Вокзалгæрон æмæ Суворовы уынгтыл. Республикон гуырæн хæдзары, мемориалон комплексы æмæ медицинон кластеры территорийы хæрзарæзтад дæр хаст æрцыдысты æввахсдæр дыууæ азмæ. Ацы объекттæ иууылдæр арæзт æрцæудзысты 2019 азмæ", — фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны арæзтады министрады пресс-службæйы.

Республикæйы адарддæр уыдзæн ныппырхгонд æмæ ног хæдзæртты арæзтад – уый нымæцы Хъайтарты уынгыл 118-æм бирæфатерон хæдзары реконструкци. Ацы хæдзары цæрджытæ авд азæй фылдæр æнхъæлмæ кастысты йе ′сцалцæгмæ. Раздæры нардуатисæджы ныхмæ, кæцы кæронмæ нæ сæххæст кодта арæзтадон куыстытæ, генпрокуратурæ бакодта уголовон хъуыддаг.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе сфидар кодтой ног Инвестпрограммæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе сфидар кодтой ног Инвестпрограммæ

"Цæрæнуаты арæзтад æмæ цалцæг"-ы пунктмæ цы мадзæлттæ бахаудысты, уыдон сты 2015-2017 азы Инвестпрограммæйæ рахизгæ. Ацы нысæнттæн æввахс дыууæ азы рахицæнгонд æрцæудзæн 642 милуан сомы", — бамбарын кодтой арæзтады министрады.

Ног Инвестпрограммæмæ бахаудысты ноджы дæс цхинвайлаг уынджы – 580 милуан сомы рахицæнгонд æрцæудзæн Чиайы фырты, Джигкайы фырты, Аланты, Къуайсайы, Нарты, Димитровы, Руставелийы, Тæболты Сергейы (Гаглойты Рутены уынгæй Сталины уынджы онг), Коцты Гри æмæ Коцойты Арсены уынгты асфальткæнынад æмæ хæрзарæзтадæн. Ацы суммæмæ ма хауынц донифтонгад, канализаци, газифтонгад æмæ электроифтонгады хæтæлты реконструкци.

"Мадзæлттæ ма арæзт æрцæудзысты Ленингоры поселок æмæ горæт Къуайсайы", — банысан кодтой уагдоны.

2019 азмæ Цхинвалы арæзт æрцæудзæн ног парк, уый уыдзæн æвæрд республикон стадионмæ æмæ споркомплекс "Олимп"-мæ хæстæг.

Адарддæр уыдзæн дыууæ арæнгæрон фæндаджы арæзтад дæр – Гуфта-Къуайса æмæ Гром-Цъинагар.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты ма реализаци æрцæудзæн хуссарирыстойнаг столицæйы донифтонгады программæ. Арæзт æрцæудзæн фæстауæрцон доны хæтæл Уанат – Цхинвал æмæ уагъд æрцæудзысты донифтонгады хынцыны ифтонггарз сæвæрыны фæдыл мадзæлттæ.

Хъайтарты уынджы 118-ӕм хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтарты уынджы 118-ӕм хӕдзары цӕрджытӕ ӕхсӕвӕй- бонӕй цӕрынц тасы бын

Программæмæ гæсгæ ма республикæйы райдайдзысты аразын цифрæйон телеуынынады хызæг.

Ӕввахс дыууæ азы мидæг ма республикæйы арæзт æрцæудзæн хъæбæр цардуагон æвзарæнты утилизацийы полигон – уыцы нысанæн та рахицæн кæндзысты 150 милуан сомы.

20 милуан сом аргъæй та æлхæд æрцæудзæн ифтонггарз республикæйы медицинон уагдæттæн. Сæрмагондæй, цхинвайлаг горæттаг поликлиникæйæн балхæндзысты цифрæйон рентгены диагностикон аппарат æртæ кусæгон бынатæн (15 милуан сомы), фондз милуан сомы бæрцæй æлхæд æрцæудзæн медицинон ифтонггарз республикон рынчындонæн дæр.

Инвестпрграммæмæ гæсгæ ма реализаци æрцæудзысты мадзæлттæ энергетикæйы къабазы дæр – республикæйы районты раивдзысты ихсыд электрон хæтæлтæ.

800 милуан сомæй фылдæр рахицæнгонд æрцæудзæн экономикæйы реалон секторы проектты æмæ туризмы паддзахадон финанскæнынадæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0