Хуссар Ирыстоны сараздзысты стыр медицинон кластер

© Sputnik / Алексей КовалевРынчындон
Рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кластер нывæндынц саразын 2018 азы

ЦХИНВАЛ, 10 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны раззагондæн хосгæнæн уагдæттæ 2018 азы баиу кæндзысты иу стыр медицинон кластеры, фехъусын кодта республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тотчиты Георгий хицауады æмбырды.

"Ацы аз æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы сараздзысты егъау медицинон кластер раззагондæр медицинон уагдæттæ, стамотологон, сывæллæтты æмæ горæты поликлиникæ, афтæ ма гуырæн хæдзар баиу кæныны руаджы", — хъусын кæны министры ныхæстæ хицауады пресс-службæ.

Амæй размæ куыд хъусын кодтой, афтæмæй цхинвайлаг горæттаг поликлиникæйы коллектив рацыд ацы кластеры скондмæ бацæуыны æнхъарæны ныхмæ æмæ нæ разы кодта Хуссар Ирыстоны столицæйы центры бæстыхай суæгъд кæнын.

Президент Бибылты Анатолий дыууæ хатты фембæлд медицинон уагдоны персоналимæ сæвзæргæ уавæр райхалыны тыххæй.

Декабры æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тотчиты Георгий радзырдта, раздæры поликлиникæйы бæстыхайы кæй æрбынат кæндзысты инвалидты æмæ ветеранты æхсæнад, афтæ ма психологон æххуысы службæ, физкультурон диспансер, фæллой æмæ куыстифтонгады управлени æмæ цалдæр æндæр уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0