Мæскуыйаг юракадеми æмæ ХИПУ сног кæндзысты æмгуыстады сразыдзинад

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сразыдзинады проектыл уынаффæ цыд Уæрæсейы территорийыл Хуссар Ирыстоны минæварады фембæлды рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 17 янв— Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар УФ-йы Гасситы Знауыр фембæлд Кутафины номыл Мæскуыйаг юридикон академийы минæвæрттимæ – æхсæнадæмон æмгуыстады управленийы сæргълæууæг Ксения Машкова æмæ тæрхондонон æмæ прокуророн-слестгæнæн архайды кафедрæйы профессор Джиоты Сосланимæ.

Дипломатон минæварады пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй фембæлды хайадисджытæ æруынаффæ кодтой Мæскуыйаг юридикон академи æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты æхсæн æмгуыстады фæдыл сразыдзинады ранæуæггонд проектыл, йæ бафыстыл æмæ уый фæдыл Мæскуымæ ХИПУ-ы ректор Тедеты Вадимы визитыл.

© Пресс-служба посольства РЮО в РФ Сразыдзинады проектыл уынаффæ цыд Уæрæсейы территорийыл Хуссар Ирыстоны минæварады фембæлды рæстæджы
Встреча в посольстве Южной Осетии в России  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сразыдзинады проектыл уынаффæ цыд Уæрæсейы территорийыл Хуссар Ирыстоны минæварады фембæлды рæстæджы

"Фарсытæ равдыстой ныфс, æмархайд кæй арфдæр кæндзæн, æруынаффæ кодтой уæлдæр ахуырадон уагдæтты æхсæн æмгуыстады перспективæтыл. Фембæлды ма дзырд цыд хуссарирыстойнаг министрæдтæ æмæ ведомствæты кусджытæн квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæ сорганизаци кæныны фарстыл дæр", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Фембæлды райста хайад минæварады уынаффæгæнæг Джиоты Ӕхсар.

Ног хабӕртты лентӕ
0