Фонд "Лæвар базыртæ" баххуыс кодта ноджы дыууæ рынчын сывæллонæн

© Татаьяна ЦховребоваФонд "Лæвар базыртæ" баххуыс кодта ноджы дыууæ рынчын сывæллонæн
Фонд Лæвар базыртæ баххуыс кодта ноджы дыууæ рынчын сывæллонæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæрзаудæн фонд 2018 азы райдианæй баххуыс кодта дыууæ сывæллонæн

ЦХИНВАЛ, 23 янв— Sputnik. Хуссарирыстойнаг хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæ" дарддæр æххуыс кæны уæззау рынчын сывæллæттæн. Ацы азы райдианы организаци бафыста фæндагон хæрдзтæ цыппараздзыд лæппуйæн хоскæнынад рацæуыны тыххæй, афтæ ма фарастаздзыд чызгæн, кæцыйы хъæуы рацæуын зынаргъ операци зæрдæйыл.

Хæрдзты иу хай фыст æрцыд, æрыгон нывгæнджыты куыстытæ уæй кæнынæй цы æхцатæ райстой, уымæй.

"Аивæдты лицейы ахуыргæнинæгтæ цы нывтæ балæвар кодтой нæ фондæн, уыдон мах рахастам аукционмæ нæ хæрзаудæн концерты рæстæджы. Куыстыты иу хай уæй æрцыд уыцы концерты рæстæджы, аннæ та фæстæдæр. Уыцы хъуыддаджы нын баххуыс кодта радио "Ир"-ы директор Цхуырбаты Алан, кæцы сарæзта аукцион ирон радиойы уылæнтыл", — загъта фонды къухдариуæггæнæг Цхуырбаты Татьяна.

Нывгæнджыты куыстыты уæй кæнынæй цы фæрæзтæ райстой, уыдон лæвæрд æрцыдысты фондмæ, фæстæдæр та дихгонд æрцыдысты уæззау рынчын сывæллæтты бинонтыл.

Благотворительный фонд Подари крылья - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фонд "Лæвар базыртæ" радта æхцатæ цхинвайлаг рынчын чызджы мадмæ

Цхуырбаты Татьяна куыд банысан кодта, афтæмæй хæрзаудæн фонды иудадзыг спонсор у Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, кæцы æрвылмæй рахицæн кæны хæрзаудæн нысæнттæн бæлвырд суммæ йæ мыздæй.

Хæрзаудæн фонды къухдариуæгад сиды Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæм, нæ адæмы проблемæты тæригъæды бацæуын, æрбангом уын æмæ аразын иумæ зæрдæхæлардæр дуне.

"Алчидæр нæ куы тырна æндæр адæймаджы хъысмæтыл мæт кæнын æмæ адæмæн æххуыс кæнын – уæд махæн бантысдзæн рамбулын. Зын уавæрты бахауæг бинонтæн баххуыс кæнын у махæй алкæй хæс дæр!" – загъта Татьяна.

Ног хабӕртты лентӕ
0