Хуссар Ирыстон фехъусын кодта æхсты тыххæй Гуырдзыстонимæ арæныл

© Sputnik / Наталья АйриянАрæн
Арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны минæвар бацамыдта æхстыты æнæрайсинагдзинад, уыдонæн алыгъуызон фæстиуджытæ кæй уыдзæн, уый банысан кæнгæйæ

ЦХИНВАЛ, 24 янв— Sputnik, Гæбæраты Ян. Хуссар Ирыстоны арæнгæрон амонæгты æхсыны хабар Гуырдзыстоны æрдыгæй райстой систематикон нысаниуæг, фехъусын кодта фæсконфликтон уавæр æрбиноныг кæныны фæдыл республикæйы президены æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæ фембæлдысты арæныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæ фембæлдысты арæныл

Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл Эргнеты хъæуы цур æртыццæджы райдыдта Инциденттæ ма 'руадзыны æмæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИÆАМ) форматы радон фембæлд. Хуссар Ирыстон, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны делегацитæ æруынаффæ кодтой фæстаг фембæлдæй фæстæмæ æрцæугæ цаутыл.

Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг фехъусын кодта Дæллаг Отъреуы хъæуы цур хуссарирыстойнаг арæнгæрон амонæг фехсыны цауы тыххæй.

"Фæнды мæ банысан кæнын, нæ фæстаг фембæлдæй фæстæмæ кæй ницы æврхъау хабар æрцыд, кæцы февзæрдæр кодтаид уавæр. Ӕмрæстæджы, нæ делегаци фехъусын кодта, Дæллаг Отъреуы хъæуы цур æрæджы æхсты бын кæй фæцис арæнгæрон амонæг", — загъта Джиоты Мурæт.

Ӕххæстбарджын минæвар банысан кодта, ахæм провокацитæ кæй сты æнæрайсинаг æмæ æрсидт Евроцæдисы цæстдарджыты минæвæрттæм лæмбынæг хъусдард аздахын ахæм провокацитæм, уымæн æмæ сын ис гæнæн æмæ уа алыгъуызон фæстиуджытæ.

ИÆАМ форматы фембæлдтæ уагъд цæуынц 2009 азæй фæстæмæ. Традицион æгъдауæй сæ хайад райсынц Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Уӕрӕсейы минӕвӕрттӕ ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисы ӕмархайдӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0