Хуссар Ирыстоны ног цæстдардон ведомствæйы снысан кодтой хæдивджыты

© Sputnik / Михаил ХасиевРХИ хицауад
РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Югоссельхознадзор" æрцыд арæзт президенты барамындæй фарон октябры

ЦХИНВАЛ, 25 янв— Sputnik. Паддзахадон ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды службæйы ("Югоссельхознадзор") къухдариуæггæнæджы хæдивджытæй снысан кодтой Гуыцмæзты Маирбег æмæ Ӕлборты Таймуразы. Сæ кандидатурæтæ хорзыл нымад æрцыдысты республикæйы хицауады рабадтыл, хъусын кæны министрты кабинеты пресс-службæ.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны фæзынд ног ведомствæ

"Службæйы сæргълæууæг Мæргъиты Алан банхъардта йæ хæдивджыты бынатмæ райсын Гуыцмæзты Маирбег æмæ Ӕлборты Таймуразы, кæцыты кандидатурæтæ хицауады уæнгтæ банымадтой хорзыл", — дзырдæуы хъусинаджы.

Нысан куыд цæуы, афтæмæй дыууæ дæр раздæр куыстой хъæууон хæдзарады министрады æмæ сæхи равдыстой, куыд инициативон æмæ цæсгомджын кусджытæ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон ветеринарон æмæ фитосанитарон цæстдарды службæ — "Югоссельхознадзор" — арæзт æрцыд 2017 азы октябры, уæд Хуссар Ирыстоны президент ведомствæйы сæргълæууæгæй снысан кодта Мæргъиты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0