Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы дыууæ уæлдæр ахуырадон уагдоны бадзырдтой æмгуыстадыл

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сразыдзинады бын сæ къухфысттæ сæвæрдтой ХИПУ-ы ректор Тедеты Вадим æмæ йæ коллегæ МПЮА-йæ Виктор Блажеев

ЦХИНВАЛ, 30 янв— Sputnik. Тыбылты Алыскандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет æмæ Кутафины номыл Мæскуыйаг паддзахадон юридикон университет бафыстой сразыдзинад академион æмæ зонадон æмгуыстады фæдыл, хъусын кæны УФ-йы уæвæг Хуссар Ирыстоны минæварады пресс-службæ.

Дипломатон уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй хуссарирыстойнаг фарсæй сразыдзинад бафыста ХИПУ-ы ректор Тедеты Вадим. Уæрæсейы æрдыгæй та – МПЮА-йы ректор Виктор Блажеев.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæскуыйаг юракадеми æмæ ХИПУ сног кæндзысты æмгуыстады сразыдзинад

Сразыдзинад рагхыгъд кæны иумæйаг зонадон иртасæнты организаци, ахуырадон проекттæ æмæ ахуырадон программæты реализаци, иумæйаг зонадон конференцитæ, семинартæ æмæ æндæр зонадон-методикон мадзæлттæ уадзын, нывæзтон зонадон конференциты, симпозиумтæ æмæ æндæр зонадон æмæ зонадон-методикон мадзæлтты хайадист, уыцы мадзæлттæм сæ минæвæртты æрвитын, фарсыты зонадон мыхуыры фæрæзты профессорон-ахуырадон сконды, магистрантты, аспирантты æмæ докторантты уацтæ мыхуыр кæнын.

Афтæ ма документмæ гæсгæ, дыууæ уæлдæр ахуырадон уагдæтты базæйыл ис фадат ХИПУ-ы ахуырадон скондæн, афтæ ма Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæн æмæ æндæр министрæдтæ æмæ ведомствæты минæвæрттæн уæлæмхас профессионалон ахуырады программæтæ среализаци кæнын (кадрты квалификаци фæбæрзонддæр кæнын).

Ног хабӕртты лентӕ
0