Нывкæныны марафон: сабиты базонгæ кæндзысты Нарты хъайтартимæ

© Sputnik / Ада БагианАнахарсисы номыл библиотекæ
Анахарсисы номыл библиотекæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалмæ æрхуыдтой Нывгæнæн скъолайы æмæ Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы кæстæр ахуырдзауты

ЦХИНВАЛ, 30 янв — Sputnik. Анахарсисы номыл Хуссар Ирыстоны Национ библиотекæйы марафон "Нартиада"-йы нывкæнынадæй се 'рмдзæф равдисдзысты райдайæн скъолайы ахуырдзаутæ, фехъусын кодтой Sputnik культурæйы министрады пресс-службæйы.

Сырдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нарты Сырдон фæзынд Цхинвалы хиды бын

"Националон библиотекæйы æртыццæджы культурæйы министрад уадзы нывкæнынады марафон кæстæр кълæсты ахуырдзаутæн. Мадзалмæ æрхуыдтой Нывгæнæн скъолайы ахуырдзаутæ æмæ Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы скъоладзауты. Сабитæ сахурдзысты Нарты кадджыты хъайтарты нывтæ æмæ уыимæ иумæ зонгæ кæндзысты эпосы фæлгонцтимæ", — загъта уагдоны пресс-секретарь Остъаты Мæдинæ.

Мадзал райдайдзæн 31 январы боны цыппар сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0