Цхинвайлаг рамбылдта билет Гасситы Мурæты тохмæ æмæ йæ радта йæ фырты фыртæн

Рафыссын
Ӕппӕтдунейон боксерон суперсерийы фæлгæтты тох ирон Гасситы Мурæт æмæ кубæйаг Юниер Дортикосы æхсæн уагъд ӕрцӕудзӕн 3 февралы Сочийы

ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы цæрæг, кæцы рамбылдта билет Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы тохмæ, радта йæ билет йæ хъæбулы хъæбулæн.

Винченцо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлӕгтӕ бакӕсдзысты Гасситы Мурӕты тохмӕ кафе "Vincenzo"-йы

Хъæцмæзты Руслан, кæцы рамбылдта билет радио "Ир"-ы конкурсы, загъта Sputnik, тохмæ йæ бæсты кæй ацæудзæн йæ хъæбулы хъæбул – уый дæр хуыйны Хъæцмæзты Руслан.

Ӕрыгон лæппуйæн нæ уыд фадат рæстæгыл тохмæ бахауын, уымæ гæсгæ йын йæ балцы баххуыс кодта парламенты спикер Гасситы Петр.

Радио "Ир"-ы директор Цхуырбаты Алан бамбарын кодта, уæлахиздзау раст кæй хъуамæ загътаит Гасситы Мурæты бæрзæнд. Фыццаг чи радта раст дзуапп – 192 см – уыд Хъæцмæзты Руслан.

Ног хабӕртты лентӕ
0