Хуссар Иры президент йæ райгуырæн бон нысан кæны бинонты хсæн

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сæргълæууæгæн арфæ кæнынц уæрæсейаг политиктæ, регионты æмæ паддзахæдты сæргълæуджытæ

ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент дыццæджы нысан кæны йæ райгуырæн бон, уый йæ нывæнды арвитын йæ бинонты æхсæн, фехъусын кодта Sputnik паддзахады сæргълæууæджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

"Анатолий Ильяйы фырт абоны бон банысан кæндзæн йæ бинонты æхсæн. Датæ юбилейон нæу, уымæ гæсгæ нывæзты ницы æхсæнадон мадзæлттæ ис", — загъта уый.

Гасситы Дина ма банысан кодта, Бибылты Анатолийы адресыл кæй цæуынц арфæйы телтæ уæрæсейаг политиктæ, регионты æмæ паддзахæдты сæргълæуджытæй.

Бибылты Анатолий райгуырд 1970 азы 6 февралы г. Цхинвалы кусæг бинонты æхсæн. Каст фæцис Ленинаг комсомолы номыл Уæлдæфон-десантон æфсады Рязанаг ахуыргæнæндон. Службæ хаста 76-æм псковаг уæлдæфон-десантон дивизийы, цы ран уыцы рæстæг арæзт цыд батальон Хуссар Ирыстоны фидауынгæнæн операцийæн. 1992 азы ацы батальоны сконды æрæздæхт Райгуырæн бæстæмæ. Уый фæстæ службæ хаста Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты, цы ран командæ кодта сæрмагонд нысаниуæджы ротæйыл.

2008 азы августы Гуырдзыстонимæ конфликты рæстæджы активон хайад райста хæстон архӕйдтыты. Уыд Цхинвалы районтæй иуы хъахъхъæды организатор. Хæсты рæстæджы дыууæ хатты райста цæфтæ, фæлæ адарддæр кодта тох.

2008 азы октябры нысан æрцыд уæлвæткон уавæрты министрæй. Йæ дæлбар уагдон ссис куыстхъом.

Ис инæлар—лейтенанты цины.

2008 азы йæ зынгæ хайбарвæрды æмæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд республикæйы уæлдæр паддзахадон хорзæх — Орден "Уацамонгæйæ".

23 июны 2014 азы æвзæрст æрцыд Парламенты сæрдарæй.

2017 азы апрелы æвзæрст æрцыд республикæйы президентæй.

Ис ын бинонтæ, хъомыл кæны цыппар сывæллоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0