Хуссар Иры политикон партиты нымæц фæкъаддæр 15-æй фарасты онг

© Sputnik / Наталья АйриянПресс-конференци
Пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тæрхондонон уынаффæмæ гæсгæ сæхгæдтой æртæ партийы, ноджы цалдæр партийы архайд та æрцыд урæд

ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Юстицийы министрады æрдыгæй политикон партиты басгæртсы фæстæ партиты нымæц Хуссар Ирыстоны 15-æй фæкъаддæр фарасты онг, фехъусын кодта пресс-конференцийы рæстæджы Цхинвалы юстицийы министр Лалыты Зæлинæ. Цалдæр партийы æрцыдысты æхгæд ликвидацийы фæдыл тæрхондоны скъуыддзагмæ гæсгæ.

"Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ æхгæд æрцыдысты партитæ "Фидæн", "Удыхъæд æмæ рæстдзинад" æмæ "Ирыстон – сæрибардзинады фæзуат". Ликвидацийы æмвæзадыл ма ис парти "Рæстдзинад. Фæллой. Райрæзт", — загъта Лалыты Зæлинæ.

Ацы партитæй иу дæр нæ райста хайад æвзæрстыты фæстаг фондз азы, уый та, законмæ гæсгæ, у бындур сæ ликвидацийæн, банысан кодта ведомствæйы сæргълæууæг.

Лалыты Зæлинæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Юстицийы министр: ахæстоны уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты цалцæджы фæстæ

Афтæ ма æрцыд æхгæд парти "Аланты" архайд. Министр ма бафтыдта, баиугонд "Мæсыг" кæй бахъаст кодта юстицийы министрадыл, кæй сæ не ′срегистраци кодтой ведомствæйы.

"Махмæ æрбацыд бындурæвæрæн документтæ "Мæсыг"-ы оргкомитетæй, кæцытæ регистрацимæ фæндагыл сарæзтой цалдæр серьезон рæдыды, уый та сси аххосæг регистрацийæн "нæ" зæгъынæн. Уымæн дзуаппæн бахъаст кодтой Юстицийы министрадыл. Тæрхондонон процесс нырма нæ балхынцъ", — загъат Лалыты Зæлинæ.

Министрад ма райста документтæ "Алайнаг цæдис"-ы оргкомитетæй, кæцы цæттæ кæны йæхи бындурæвæрæн съезд ауадзынмæ.

"Юстицийы министрады минæвæрттæ алыхатт дæр вæййынц партиты съездтыл, цæмæй сæ хъус дарой, законы домæнтæ куыд æххæст цæуынц", — загъта уый.

Ӕрæхгæдгонд партитæй иу дæр нæу парламентон. Нырма уал юстицийы министрад сгары партион номхыгъдтæ "æмхалдихты" (цалдææр партийы номхыгъды цы адæм сты) уæвынадыл. Сæрмагонд компьютерон программæ бæлвырд кæны гоймаджы, кæцы ис дыууæ кæнæ фылдæр партиты номхыгъды – уый та у политикон партиты фæыдл законы фехæлд. Лалыты Зæлинæйы ныхæстæм гæсгæ, ахæм "æмхалдихтæ" разындысты алы партийы дæр, фæлæ басгæрст нырма нæ балхынцъ.

Ног хабӕртты лентӕ
0