Плиты Лана Хуссар Ирыстонӕй хайад райсдзӕн конкурс "Ты супер!"-ы

© Sputnik / Наталья АйриянПлиты Лана
Плиты Лана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ланайы ралӕуд фенӕн уыдзӕн сабаты изӕры НТВ каналыл, науӕд та Sputnik Хуссар Ирыстоны сайтыл

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Хуссарирыстойнаг чызг Плиты Лана хайад райсдзӕн ӕхсӕнадӕмон вокалон конкурс "Ты супер!"-ы дыккаг сезоны, кӕцы арӕзт цӕуы канал НТВ ӕмӕ информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik-ы хъӕппӕрисӕй.

Аншлаг Чермены: Ты супер!-ы стъалытӕ ӕрӕмбырд кодтой йедзаг зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аншлаг "Чермены": "Ты супер!"-ы стъалытӕ ӕрӕмбырд кодтой йедзаг зал

Мадзалы трансляци райдайдзӕн сабаты 20.00 сахатыл НТВ каналыл, науӕд та Sputnik Хуссар Ирыстоны сайтыл.

Телеканал НТВ ӕмӕ информацион агентад ӕмӕ радио Sputnikы проект "Ты супер!" ратдзӕн фадат курдиатджын сывӕллӕттӕн, кӕцытӕ аззадысты ӕнӕ ныййарджыты ӕвджидӕй, сӕ курдиат равдисын ӕмӕ стыр сценӕмӕ фӕндаг айгӕрдынӕн. Конкурсы дыккаг сезоны архайдзысты сывӕллӕттӕ Уӕрӕсе, Беларусь, Малдова, Эстони, Латви, Казахстан, Узбекистан, Таджикистан, Сомихстон, Азербайджан, Герман ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0