Хъайтары уынг: Sputnik Хуссар Ирыстон бакодта ног проект

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik Хуссар Ирыстон гом кæны ног проект "Хъайтары уынг", цы ран æрдзурдзæн Хуссар Иры ног историйы ирддæр гоймæгты цардвæндагыл

ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 1989-2008 æзты Фыдыбæстæйон хæсты зынгхуыст хъайтарты цардвæндагыл Sputnik бацæттæ кæндзæн æрмæджытæ сæрмагонд проект "Хъайтары уынг"-ы фæлгæтты. Проекты фыццаг æрмæг нывонд у Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Кавказы хъайтар Мæргъиты Ацæмæзæн.

Мæргъиты Ацæмæз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтары уынг: Мӕргъиты Ацӕмӕзы цыбыр, фӕлӕ ирд цард

Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæсты хъайтартæй бирæтæн сæнусон кодтой сæ нæмтæ – республикæйы столициæйы уыдонæн фæзындысты уынгтæ.

Ног проект "Хъайтары уынг"-ы Sputnik Хуссар Ирыстоны уацхæссæг Плиты Фатимæ æрдзурдзæн, 1990-æм æзты хæстон архæйдтыты чи расгуыхт, сабырдзинад чи хъахъхъæдта, Республикæйы тыхон æмæ барадхъахъхъæнæг органтæн бындур чи арæзта, уыдæнæй Цхинвалы уынгтæ кæй ном хæссынц, уыцы хъайтарты тыххæй.

"Абон фæсивæдæн дæнцæгæн кæй сгуыхдзинæдтæ хъуамæ хæссæм, уыцы æдзард лæппуты ном рох макуы хъуамæ уа. Уый сæраппонд мах бакодтам ног проект, цы ран дзурдзыстæм Мæргъиты Ацæмæз, Хуыбылты Валерий, Гæззаты Вадим, Сиукъаты Темо æмæ æндæр зындгонд гоймæгты тыххæй", — загъта проекты автор Плиты Фатимæ.

Sputnik базонгæ кæндзæн хайтарты цардвæндагимæ сæ хæстон ʻмгæртты æмæ хиуæтты мысинæгты руаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0