Куыд банысан кæндзысты 23 февраль Цхинвалы: ерыстæ, рабадт æмæ хорзæхтæ

© Sputnik / Руслан ТадтаевПарад Цхинвалы
Парад Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны бæрæгбоны цытæн мадзæлттæ ахæсдзысты цалдæр боны, Цхинвалы цыт кæндзысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн, фæсивæд ерыс кæндзысты армспорт, уæзтæ исын æмæ хæнцæнгарзимæ архайынæй

ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон банысан кæндзысты офицерты цытджын рабадт æмæ æфсæддон-спортивон хъæзтытæй.

Республикæйы бæрæгбоны цытæн мадзæлттæ ахæсдзысты цалдæр боны, Цхинвалы цыт кæндзысты фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн, фæсивæд ерыс кæндзысты армспорт, уæзтæ исын æмæ хæнцæнгарзимæ архайынæй.

"Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бонæн нывонд офицерты рауæрæхгонд цытджын рабадт ПККЗ "Чермен"-ы ацæудзæн æртыццæджы. Мадзалы рæстæджы къорд адæймаджы хорзæхджын æрцæудзысты паддзахадон хорзæхтæй", — загътой Sputnik культурæйы министрады пресс-службæйы.

Бæрæгбонон мадзæлттæм йæ хайбавæрд бахæдзæн Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет дæр, уыдон скъоладзауты ʻхсæн ауадздзысты æрвылазон æфсæддон-спортивон хъæзтытæ "Снежный барс".

Салют - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон-2018: цал бон улæфдзæн Хуссар Ир

"Ӕфсæддон-спортивон хъæзтытæ цæудзысты цалдæр этапæй, кæройнаг хай балхынцъ уыдзæн фæндзæм скъолайы кæрты 25 февралы. Ам архайдзысты горæтты æмæ районты командæтæ. Скъоладзаутæ сæ тыхтæ æвзардзысты уæзтæ исынæй, армрестлингæй, хæцæнгарзимæ архайынæй æмæ æндæр дисциплинæты", — загътой комитеты пресс-службæйы.

Уымæй дарддæр ма, банысан кодтой комитеты, фæсивæд сæхи сфæлвардзысты сфæлдыстады дæр – алы комадæйæ дæр иу адæймаг ныффысдзæн "Солдаты фыстæг ныййарæгмæ".

 

Ӕнтыстджындæр командæтæ райсдзысты кубоктæ, майдантæ æмæ грамотæтæ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0