Бибылты Анатолийæн радзырдтой тæрхондонон реформæйы тыххæй

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолийæн радзырдтой тæрхондонон реформæйы тыххæй
Бибылты Анатолийæн радзырдтой тæрхондонон реформæйы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны дарддæр цæуы тæрхондонон реформæ, йæ æхсæйнаг фæстиуджыты тыххæй УТ-ы сæргълæууæг фехъусын кодта президент Бибылты Анатолиимæ фембæлды рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондоны (УТ) сæргълæууæг Коцты Олеся радта хыгъд президент Бибылты Анатолийæн тæрхондонон реформæйы фæстиуджыты тыххæй. Паддзахады сæргълæууæг райста йæхимæ Коцты Олесяйы æртыццæджы, хъусын кæны президенты пресс-службæ.

"Бæрæг куыд у, афтæмæй, 29 декабры Уæлдæр арбитражон тæрхондон æрлæууын кодта йæ куыст æмæ сырæзт фыццаг инстанцы тæрхондон – Республикæ Хуссар Ирыстоны Арбитражон тæрхондон, кæцы кусы æппæт йæ территорийыл. Фондз тæрхонгæнæджы иууылдæр нысан æрцыдысты, абоны бон уыдон æрæвнæлдтой сæ куыстмæ. Ис зæгъæн æмæ Фыццаг инстанцы арбитражон тæрхондон кæй кусы 100 проценты бæрц", — загъта фембæлды рæстæджы Коцты Олеся.

Уæлдæр тæрхондоны тыххæй та йæ сæргълæууæг загъта, 12 вакантон бынатмæ ныридæгæн нысан кæы æрцыдысты аст тæрхонгæнæджы.

"Парламент æмхъæлæсæй сразы ис, президент цы кандидатурæтæ бавдыста, уыдонимæ. Абоны бон мах расидтыстæм конкурс, цæмæй баххæст кæнæм тæрхонгæнджыты нымæц – УТ-ы сæргълæууæджы дыууæ хæдивæг æмæ дыууæ тæрхонгæнæджы бынæттæм", — загъта уый.

Хуссар Ирыстоны Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры депутаттæ ссæрибар кодтой сæ бынæттæй æртæ тæрхонгæнæджы

Коцты Олеся ма радзырдта, æндæр тæрхонгæнджыты – горæттаг æмæ районон — æххæстбарты æмгъуыд кæронмæ кæй бахæццæ, уый тыххæй дæр расидт æрцыд конкурс Цхинвалаг горæттаг тæрхондоны сæргълæууæг æмæ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы тæрхондоны сæргълæууæджы вакантон бынæттæм.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта тæрхондонон реформæйы ауадзыны ахсджиагдзинад, кæцыйы сæйраг нысан – раздахын æууæнк УТ-ы тæрхонгæнджытæ æмæ фыццаг инстанцы тæрхонгæнджытæм.

Уый равдыста ныфс, ног снысангонд тæрхонгæнджытæ намысджынæй кæй æххæст кæндзысты сæ хæстæ, фарстытæ иууылдæр скъуыддзаг кæндзысты законы фæлгæтты æмæ республикæйы хæдбар тæрхондонон къабазы кæй æрцæудзæн æвæрд æгъдау.

Ног хабӕртты лентӕ
0