Уæрæсе æмæ Хуссар Иры æфсæддон альпинисттæ басастой "пик Дзæуджыхъæу"

© ПТРК "Алания"Уæрæсе æмæ Хуссар Иры æфсæддон альпинисттæ басастой "пик Дзæуджыхъæу"
Уæрæсе æмæ Хуссар Иры æфсæддон альпинисттæ басастой пик Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕдæппæтæй Сæйраг сгарæн управленийы цытæн альпинисттæ нывæндынц ауадзын 100 сцыды æппæт дунейы, уыдонæй 28 – Цæгат Ирыстоны территорийыл

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрæдты æфсæддон альпинисттæ басастой пик Дзæуджыхъæу. Парти "Иугонд Уæрæсе"-йы æххуысæй цы сцыд ацыд, уый нывонд уыд Сæйраг сгарæн управленийы (ССУ) сырæзтыл 100 азы сæххæсты бонæн.

Халацамæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сцыд Халацамæ: Хуссар Иры иууыл бæрзонддæр хохыл æрсагътой МСНК тырыса

Бӕрзӕндыл Уæрæсейы гимны зæлтæм альпинисттæ æрсагътой Уæлахизы тырыса, Уæрæсе, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны тырысатæ æмæ Дзæуджыхъæуы герб, афтæ ма ССУ тырыса Советон Цæдисы Хъайтар, ССУ сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Мамсыраты Хадзы-Умары æмæ ССРЦ-ы ССУ легендарон командир Бекъойты Павелы хуызистимæ. Ацы тырысатæ иу мæйы фæстæ араст уыдзысты Эверестмæ зынгæ уæрæсейаг альпинист, УФ сгуыхт тренер Александр Абрамовы экспедициимæ.

Ӕдæппæтæй ССУ цытæн альпинисттæ нывæндынц ауадзын 100 сцыды æппæт дунейы, уыдонæй 28 — Цæгат Ирыстоны территорийыл. Цифрæ 28 у баст, Бекъойты Павелыл йæ амæлæты уысм цал азы цыд, уыимæ. Бекъойты Павел зындгонд у куыд ССУ иууыл æнтыстджындæр хæххон диверсион-штурмон операцийы командир, кæцы ацыд кишлак Лой-Манайы.

Бекъойты Павелы ном арынæн альпинизмæй Уæрæсейы чемпионаты рæстæджы ацы сæрд арæзт æрцæудзæн номхуындон сцыд æнæном пиктæй иумæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0