Sputnik æмæ фонд "Лæвар базыртæ" ауадздзысты акци "Хæрзиуæджы цæсгæмттæ"

© Sputnik / Наталья АйриянSputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
8 марты размæ ПККЗ "Чермен"-ы залы уагъд æрцæудзæн фоторавдыст, кæцы сорганизаци кодтой агентад Sputnik-имæ информацион партнерадæй, равдысты экспонаттæ равæрдзысты аукционмæ

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik пресс-службæ. Ӕхсæнадæмон информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстон æмæ фонд "Лæвар базыртæ" 8 марты размæ фехъусын кодтой хæрзаудæн акци "Хæрзиуæджы цæсгæмттæ"-йы старты тыххæй.

Фонд Лæвар базыртæ баххуыс кодта ноджы дыууæ рынчын сывæллонæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фонд "Лæвар базыртæ" баххуыс кодта ноджы дыууæ рынчын сывæллонæн

Агентады къамисæг ауадздзæн фотосесси проекты хайадисджытæн æмæ куыстытæй иу фæзындзæн фоторавдысты экспозицийы, кæцы ацæудзæн 6 марты ПККЗ "Чермен"-ы холлы. Акцийы хъайтар суæвынæн хъæуы ныууадзын куырдиат Sputnik официалон фарсытыл FB науæд та Instagram. Хæрзаудæн проекты фæстиуджытæм гæсгæ, портреттæ равæрдзысты аукционы, æрæмбырдгонд фæрæзтæ та иууылдæр лæвæрд æрцæудзысты уæззау рынчын сывæллоны операцийæн.

"Фотопроект "Хæрзиуæджы цæсгæмттæ", кæцы мах уадзæм агентад Sputnik-имæ, у нывонд 8 марты бæрæгбонæн, æмæ нæ фæнды сылгоймæгты фæлгæнцты галереяйы руаджы радон хатт равдисын рæсугъддзинады бирæвæрсыгдзинад æмæ тых", — банысан кодта хæрзаудæн фонды сæргълæууæг Цхуырбаты Татьяна.

Sputnik Хуссар Ирыстон райдыта йæ куыст 2015 азы. Йе сконды ис информацион портал ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, радиоресурс æмæ мультимедион пресс-центр.Ног хабæртты портал Sputnik Хуссар Ирыстон ис фыццаг бынатыл бæстæйы интернет ресурсты хсæн.

Sputnik Хуссар Ирыстон у æхсæнадæмон информацион агентады хай ӕмӕ иу кæны сайттæ дунейы 30 æвзагыл, аналагон æмæ цифрæйон радиоалæвæрдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0