Транскам æрæхгæдтой тыхджын митуарды аххосагæй

© фото очевидцаСнегопад на Транскаме
Снегопад на Транскаме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трассæйыл змæлд æрæхгæдтой æхсæвы дыууадæс сахатæй сæрмагонд бардзырды онг

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Транскавказаг автомагистраль у æхгæд сæрмагонд бардзырды онг тыхджын митуард æмæ зæйтæ æрцæуыны аххосагæй, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны УУМ-ы пресс-службæйы.

"Митуарды фæдыл Транскавказаг автомагистралыл автотраспортон фæрæзты æдас змæлд сифтонг кæныны фадат кæй нæй, уый аххосагæй фæндаг у æхгæд дыууæрдæм дæр автотранспортон фæрæзты змæлдæн трассæйы Бурон – Ручъы туннелы Цæгаттаг порталы фадыгыл 4 марты æхсæв дыууадæс сахатæй сæрмагонд бардзырды онг", – банысан кодтой ведомствæйы.

Транскавказаг автомагистраль цæуы уæлхохыл æмæ у иунæг фæндаг, кæцы иу кæны Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0