Плиты Лана ссис радио Sputnik Хуссар Ирыстоны ног хъæлæс

© Sputnik / Наталья АйриянЛана Плиева
Лана Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зарæггæнæг цингæнгæйæ сразы ис агентад Sputnik-имæ æмгуыст кæнын, йæ хъæлæсимæ айзæлдзысты ног джинглтæ радиойы

ЦХИНВАЛ, 13 мар — Sputnik. Ӕхсæнадæмон вокалон конкурс "Ты супер!"-ы дыккаг сезоны хайадисæг Плиты Лана ссис радио Sputnik Хуссар Ирыстоны ног хъæлæс – йæ хъæлæсимæ айзæлдзысты джинглтæ 106,3 FM-ыл.

Аншлаг Чермены: Ты супер!-ы стъалытӕ ӕрӕмбырд кодтой йедзаг зал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аншлаг "Чермены": "Ты супер!"-ы стъалытӕ ӕрӕмбырд кодтой йедзаг зал

"Вокалон конкурс "Ты супер!"-ы исынц хайад сывæллæттæ Уæрæсейæ, ХПӔ-бæстæтæй, Балти, Европæ æмæ Ӕввахс Скæсæнæй. Сывæллæтты иу кæны иумæйаг хъысмæт – уыдон аззадысты ӕнӕ ныййарджыты ӕвджидӕй. Ӕмæ æмæхсæнадон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik ацы сывæллæттæн сæ курдиат раргом кæнынæн кæй æххуыс кæны, уый у æрмæстдæр райдиан – абон мах кусæм æмæ дарддæр дæр æмгуыст кæндзыстæм сывæллæттимæ, кæцытæ конкурсы хъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны кад. Мах бахатыдыстæм Плиты Ланамæ, цæмæй суа Sputnik Хуссар Ирыстоны хъæлæс, уымæн æмæ йæ хъæлæсы фæрцы уый бæрзонд систа Хуссар Ирыстоны кад æнæхъæн дунейы. Ӕмæ абон Цхинвалы алкæмæн дæр ис фадат нæ Ланайы хъæлæс фехъусын, радио æмæ Интернетæй", — загъта Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуæггæнæг Виталий Раднаев.

Лана райста хайад конкурс "Ты супер!"-ы дыккаг сезоны A'Studio-йы лирикон зарæг "Улетаю"-имæ. Хъыгагæн, уый нæ рахызт конкурсы дыккаг турмæ, уымæн æмæ йын сæ хъæлæстæ радтой æрмæстдæр жюрийы дыууæ уæнджы, афтæмæй та шоуйы дарддæры хайадистæн хъуыд æртæ хъæлæсы.

"Ты супер!" у æхсæнадæмон информацион агентад Sputnik æмæ телекомпани НТВ-йы иумæйаг проект. Ацы аз Хуссар Ирыстонæй проекты хайад иста Плиты Лана, фарон та – Гæбæраты Арина.

Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайттӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0