Хуссар Ирыстоны сфидар кодтой Уæлдæр тæрхондоны президиумы ног сконд

© Пресс-служба ВС РЮО Уæлдæр тæрхондон
Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президиуммæ бацыдысты УТ-ы сæргълæууæг Коцты Олеся æмæ йæ авд хæдивæджы

ЦХИНВАЛ, 16 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент сфидар кодта республикæйы Уæлдæр тæрхондоны ног сконд, хъусын кæны закондæттæн органы пресс-службæ.

Законмæ гæсгæ, Уæлдæр тæрхондоны президиум арæзт цæуы йæ сæргълæууæг æмæ йæ хæдивджыты скондæй ахæм нымæцы, кæцы сфидар кодта парламент УТ-ы сæргълæууæджы æрбавдыстæй.

Бибылты Анатолийæн радзырдтой тæрхондонон реформæйы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолийæн радзырдтой тæрхондонон реформæйы тыххæй

"Уымæ гæсгæ, Уæлдæр тæрхондоны президиумы скондмæ æрбавдыстæуыд Уæлдæр тæрхондоны сæргълæууæг Коцты Олесяйы, Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнæг Бязырты Ларисайы, Джиголаты Альберт, Гæджиты Нана, Джиоты Зæринæ, Тъехты Дмитрий, Хацырты Виолета æмæ Цхуырбаты Каринайы кандидатурæтæ", — загъта парламенты сессийыл закондзинад, закондæттынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты разамонæг Тедеты Нона.

Депутаттæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой æрбавдыстгонд кандидатурæтæ.

Сессийыл ма сæ бынæттæй сæрибар æрцыдысты — Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнджытæ Къæбысты Инна, Тыбылты Мзия, Хæбæлаты Мзия, афтæ ма Уæлдæр Арбитражон тæрхондоны сæргълæууæджы хæдивæг Хуыбылты Екатерина. Уыдон сæ бынæттæй ссæрибар кæныны тыххæй æнхъарæн парламентмæ æрбавдыста президент Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0