"Чиныджы гуырæнбон" Цхинвалы: æмдзæвгæтæ, лæвæрттæ, викторинæтæ

© Sputnik / Плиты ФатимаЧиныджы бæрæгбон
Чиныджы бæрæгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сергей Михалковæн нывонд "чиныджы гуырæнбоны" сæйраг архайджытæ ссисты Цхинвалы 2-æм скъолайы ахуырдзаутæ

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы сывæллæтты библиотекæйы банысан кодтой чиныджы гуырæнбон. Дыккæгæм скъолайы цыппæрæмкъласонтæ дзырдтой æмдзæвгæтæ æмæ сæ зонындзинæдтæ фæлвæрдтой уырыссаг литературæйæ.

Сывæллæтты библиотекæйы æрвылаз дæр уалдзæджы нысан цæуы чиныджы бæрæгбон. Ацы хатт мадзал снывонд кодтой уæрæсейаг фыссæг, поэт публицист, Советон цæдисы æмæ Уæрæсейы гимнты автор Сергей Михалковæн. Ивгъуыд азты ахæм изæртæ нывонд уыдысты Корней Чуковский, Агния Барто æмæ æндæртæн.

© Sputnik / Плиты ФатимæЧиныджы бæрæгбон
Чиныджы бæрæгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Чиныджы бæрæгбон
© Sputnik / Плиты ФатимæЧиныджы бæрæгбон
Чиныджы бæрæгбон - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Чиныджы бæрæгбон
© Sputnik / Плиты ФатимаЧиныджы бæрæгбон сывæллæтты библиотекæйы
Чиныджы бæрæгбон сывæллæтты библиотекæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Чиныджы бæрæгбон сывæллæтты библиотекæйы
1/3
Чиныджы бæрæгбон
2/3
Чиныджы бæрæгбон
3/3
Чиныджы бæрæгбон сывæллæтты библиотекæйы

Ахуырдзаутæн мадзалы сæ активон хайадисты тыххæй бузныг загъта библиотекæйы хистæр Джиоты Алла æмæ банысан кодта, ахæм бæрæгбæтты сабитæ хиирхæфсгæйæ кæй уæрæх кæнынц сæ зонындзинæдтæ.

"Мах ахуыргæнджытимæ иумæ архайæм, цæмæй сымах бахъомыл уат чиныгуарзагæй", — загъта Джиоты Алла.

Изæры кæрон Культурæйы министрад мадзалы архайæг сабиты рахицæн кодта лæвæрттæй – схæлар сын кодта чингуытæ. Сывæллæтты библиотекæ дæр сæ барæвдыдта зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0