Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрцахстой Хуссар Ирыстоны

© Flickr / ndlonГуырдзыстоны æмбæстæгты æрцахстой Хуссар Ирыстоны
Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрцахстой Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнсæтджыты æрцахстой Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн арæныл Цхинвалы районы Адзвистауы хъæуы цур

ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Арæнхъахъхъæнджытæ Хуссар Ирыстоны æрцахстой дыууæ гуырдзиаг æмбæстаджы паддзахадон арæны режим фехалыны тыххæй, хъусын кæны Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.

Арæнсæтджыты æрцахстой Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн арæныл Цхинвалы районы Адзвистауы хъæуы цур.

"Арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой 27-аздзыд Давид Геркеули æмæ 41-аздзыд Иванэ Гундиашвили. Дыууæ дæр сты Гуырдзыстоны Гуры районы Алалсопели æмæ Адзвийы хъæуты цæрджытæ", — загътой ПӔК-ы.

ПӔК-ы арæнгæрон службæ уадзы равзæрст, куыст цæуы æрмæджытæ тæрхондонмæ адæттыны фарстыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0