Адæмон æмæ сгуыхт: президент схорзæхджын кодта артистты

© Sputnik / Наталья Айриян Тъехты Василий
Тъехты Василий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Быценты Циснари бæрзонд хорзæхæй бацыд театры ирд стъалыты скондмæ, уымæй дарддæр ма адæмон артистты бæрзонд нæмттæ хæссынц Галуанты Людмила, Хаситы Вильгельм, Гугкаты Эвелина, Уанеты Хсар, Тадтаты Фатимæ æмæ Харебаты Федр

ЦХИНВАЛ, 28 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий Театры æхсæнадæмон боны дыууæ артисты схорзæхджын кодта кадджын нæмттæй. Аивады фадыджы бæрзонд цинтæ лæвæрд æрцыдысты премьерон спектакль "Антигона"-йы равдысты кæрон.

Президенты барамындмæ гæсгæ, национ театралон аивадмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй Хуссар Ирыстоны Адæмон арстисты кадджын ном лæвæрд æрцыд Быценты Циснарийæн. Паддзахады сæргълæууæджы аннæ барамындæй рахицæн кодтой Тъехты Василийы, уымæн лæвæрд æрцыд кадджын ном — "Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист".

"Арфæ уын кæнын рæсугъд бæрæгбон – Театры æхсæнадæмон боны цытæн æмæ уын стыр бузныг зæгъын ацы уæрæх аудиторийы номæй уе сфæлдыстады тыххæй", — загъта президент хорзæхкæныны рæстæджы.

Быценты Циснари бæрзонд хорзæхæй бацыд театры ирд стъалыты скондмæ. Уымæй дарддæр ма адæмон артистты бæрзонд нæмттæ хæссынц Галуанты Людмила, Хаситы Вильгельм, Гугкаты Эвелина, Уанеты Хсар, Тадтаты Фатимæ æмæ Харебаты Федр.

Ног хабӕртты лентӕ
0