Бибылты Анатолий фехъусын кодта цалдæр бынæтты кусджыты нымæц

© Sputnik / Наталья АйриянПрезидент Бибылты Анатолий
Президент Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыгай бынæтты чи кусы, уыдон фарстыл дзырд цыд Хуссар Ирыстоны хицауады райсом цы рабадт уагъд æрцыд, уый рæстæджы

ЦХИНВАЛ, 2 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дыууæ æмæ фылдæр бюджетон бынæтты цы адæм кусынц, уыдон нымæц у 1,4 минæй фылдæр, загъта республикæйы президент Бибылты Анатолий хицауады рауæрæхгонд æмбырды рæстæджы.

Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта ведомствæты къухдариуæггæнджытæн ауадзын куыст, дыууæ бынæтты чи кусы, уыцы æмбæстæгты аннæ бынæттæй (бындуронæй дарддæр) сисыны фæдыл.

Нонна Мкртчян: ӕгуыст адӕмӕн Хуссар Иры нӕй сӕрибар бынӕттӕ

Уыимæ иумæ президент бахахх кодта, ацы номхыгъдмæ кæй ма хъуамæ бахауой ахæм кусджытæ, кæцыты иумæйаг мæйон æфтиаг нæу 15 мин сомæй фылдæр.

"Кæцыдæр къухдариуæггæнджытæ ацы фарстæн радтой мастисæн нысаниуæг. Алы куыстуаты дæр райдайын хъæуы æфснайджыты æмæ кæртмæрзджыты сæ бынæттæй сисынæй нæ, фæлæ къухдариуæггæнæг бынæттæ чи ахсы æмæ æмрæстæджы цалдæр куыстбынат чи ахсы, уыдонæй. Дыууæ æмæ фылдæр бынæтты чи кусы, уыдон нымæц махмæ у 1400 адæймагæй фылдæр", — загъты Бибылты Анатолий.

Къухдариуæггæнджытæ сæхæдæг хъуамæ райсой раст скъуыддзаг дыууæ бынаты чи кусы, уыдоны фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, алы хъуыддаджы дæр ссарын хъæуы индивидуалон бацыд – кусæг йæ хæстæ æххæстбæрцæй æххæст кæны æви нæ.

"Ис куысты кодекс, кæцы дырысæй бæлвырд кæны кусæджы æмæ къухдариуæггæнæджы бæрндзинад æмæ домæнтæ", — загъта президент.

Бибылты Анатолий банысан кодта, дыгай бынæтты чи кусы, уыдон фарст аскъуыддзаг кæныны фæстæ алы ведомствæ дæр хъуамæ æрбавдиса вакантон бынæтты номхыгъд куыстæй сифтонг кæныны службæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0