Карсанты Гурам райста йæ лæвар – хæдтулгæ "УАЗ-Патриот"

© Sputnik / Наталья АйриянГурам Карсанов
Гурам Карсанов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik Хуссар Ирыстоны радиоамонæгæн ног хæдтулгæ балæвар кодта президент Бибылты Анатолий, сæ хайбавæрд бахастой республикæйы цæрджытæ дæр - уыдон рахицæн кодтой фæрæзтæ Гурамы сæрмагонд хыгъдмæ

ЦХИНВАЛ, 2 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий сæххæст кодта йæ дзырдлæвæрд æмæ балхæдта зындгонд экскурситæуадзæг, Sputnik Хуссар Ирыстоны радиоамонæг Карсанты Гурамæн хæдтулгæ — "УАЗ-Патриот".

Карсанты Гурам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий балхæндзæн машинæ Sputnik Хуссар Ирыстоны радиоамонæгæн

Гурамæн йæ хæдтулгæ басыгъд мæйы размæ телты цыбыр ныдзæвды аххосæй. Уый фæстæ социалон хызæгты расидтысты акци журналист æмæ экскурситæуадзæгæн ног машинæ балхæныны тыххæй. Ацы фарст алыг кæнынæн баххуысы ныфс уæд бавæрдта президент дæр.

Ацы бонты журналист райста йæ лæвар æмæ бузныг загъта, йæ фарсмæ чи баллæуыд, уыдонæн.

"Ӕрæджы мæ хæдтулгæ басыгъд æмæ сымах фæрцы ног транспорты хицау фæдæн. Ныр хæхтæ басæттынæн цы хъæуы? Хуссар Ирыстоныл балцытæ дарддæр цæудзысты. Стыр бузныг президент Бибылты Анатолийæн. Стыр бузныг, мæ хыгъдмæ чи ракодта фæрæзтæ, уыдонæн, мæ сæрæй уын ныллæг кувын. Мæ хæлæрттæ, уæ фæрæзтæ дæр хардз æрцæудзысты Ирыстоны туризмы райрæзты нысанæн", — загъта Карсанты Гурам.

Карсанты Гурам йæ хæдтулгæ "Лада-Калина"-йыл арæзта экскурситæ Хуссар Ирыстоны æппæт къуымтæм, уый фæрцы фæсарæнтæй бирæ адæм базонгæ сты Ирыстоны рæсугъд бынæттимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0