Хуссар Ирыстоны æрцахстой хъæды æнæзаконон цæгъдæджы

© Sputnik / Наталья АйриянДидмуха
Дидмуха - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæткхалæг разынд Хъорсеуы хъæуы 33-аздзыд цæрæг

ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ-ы æмæ хъæды хæдзарады управленийы кусджытæ кæрон скодтой хъæды æнæзаконон цæгъдынæн республикæйы Дзауы районы, хъусын кæны барадхъахъхъæнæг ведомствæйы пресс-службæ.

Остров Гогланд в Финском заливе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъæд ӕнӕзакононӕй цӕгъдыны тыххӕй - ивар

Хъорсеуы хъæуы 33-аздзыд цæрæг цагъта бæлæстæ Шихантуры хъæуы цур хъæды массивы. Милицийы кусджытæ æмæ хъæдгæстæ ссардтой ам уæзласæн машинæ æнæ номыртæй цагъд бæлæстимæ йæ гуыффæйы. Хъæды хæдзарады управленийы актмæ гæсгæ, æнæзакононæй цагъд хъæд уыд 34 кубометры бæрц.

МХМ-ы банысан кодтой, фæткхалæджы архæйдтыты кæй ис "хъæд æнæзакононæй цæгъдыны" фыдракæнды æууæлтæ.

Факты фæдыл æрмæджытæ æрвыст æрцыдысты МХМ-ы слестгæнæн управленимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0