Хуссар Иры гарзджын тыхтæ æрæвнæлдтой Уæлахизы парадмæ цæттæ кæнынмæ

© Sputnik / Ада БагианПарад победы в Цхинвале
Парад победы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парады РХИ æмæ Уф гарзджын тыхты дæлхайæдты æфсæддонтæй дарддæр рацæудзысты Кадетон скъолайы чызг-гуымсæгцæгъдджытæ

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты æппæт дæлхайæдтæ цæттæ кæнынц Стыр Уæлахизыл 73 азы сæххæсты цытæн парадмæ. Цæттæгæнæн куыст райдайдзæн 16 апрелæй Уæрæсейы цыппæрæм æфсæддон базæйы фæзуатыл, фехъусын кодтой Sputnik Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 73 азы сæххæстæн нывонд парад ацæудзæн Цхивалы сæйраг фæзуатыл 9 майы.

"Парады рацæудзысты хъахъхъӕнынады министрады (ХМ) дӕлхайӕдтӕ, Кадетон скъолайы курсанттæ, МХМ, ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕйы, УУМ, Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы ӔФС-йы Арӕнгӕрон управленийы, УФ хъахъхъӕнынады министрады 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайадтӕ. Парады ма архайдзысты ХМ, МХМ сылгоймæгты дæлхайæдтæ æмæ Кадетон скъолайы чызг-гуымсæгцæгъдджытæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Парад цæудзæн Уæрæсейы цыппæрæм æфсæддон базæйы оркестры музыкалон фæсдзыдимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0