Хуссар Иры аварийы фӕмард ӕвзонг лӕппу

© Sputnik / Руслан Тадтаев ДТП в Южной Осетии
ДТП в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕндагон-транспортон цау ӕрцыд къуырисӕры ӕхсӕвы Цхинвал-Тъбет автотрассӕйыл

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik. Хуссарирыстойнаг ӕвзонг лӕппу фӕмард фӕндагон-транспортон цауы фӕстиуӕгӕн Цхинвалӕй чысыл ӕддӕдӕр, фехъусын кодтой Sputnik Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) радгӕсон хайады.

"Авари ӕрцыд 21.20 сахатыл Цхинвал-Тъбет автотрассӕйыл. Хӕдтулгӕ ВАЗ-2107-ы шофыр Къозонты Инал нал сырӕхст машинӕ скъӕрын, ахаудта трассӕйӕ ӕмӕ сфӕлдӕхт. Цауы фӕстиуӕгӕ шофыр фӕмард", — радзырдта МХМ минӕвар.

Уый банысан кодта, машинӕйы ма цы бӕлццон уыд, уый дӕр кӕй баластой рынчындонмӕ бирӕнымӕц цӕфтимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0