Хуссар Иры УТ тæрхонгæнджыты кандидатурæтыл сразы сты парламенты

© Sputnik / Наталья АйриянВерховный суд
Верховный суд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутатты æркастмæ рахастой президент Бибылты Анатолийы бавдыстгонд тæрхонгæнджыты кандидатурæты

ЦХИНВАЛ, 17 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты президиум сразы ис Уæлдæр æмæ Цхинвалы тæрхондоны тæрхонгæнджыты кандидатурæтыл, афтæ ма горæты тæрхондоны сæрдары ссæрибар кæныны æнхъарæныл дæр. 

Парламенты закондæттынады комитеты сæрдар Тедеты Нонна цыбыртæй базонгæ кодта кандидатты биографитимæ депутатты.

Уæлдæр тæрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны сфидар кодтой Уæлдæр тæрхондоны президиумы ног сконд

Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнджыты бынатмæ кандидаттæй разыдзинад растой Плиты Алан, Къибылты Алан, Уæлдæр тæрхондоны сæрдары хæдивæгæй та Хацырты Виолетта.

Цхинвалы тæрхондоны сæрдарæй раразмæгонд æрцыд Тыбылты Иналы кандидатурæ, горæты тæрхонгæнджыты бынатмæ та – Сиукъаты Фатимæ, Кокойты Оксана, Мæдинæ Брыкалова.

Уымӕй дарддӕр ма депутаттӕ сразы сты горӕттаг тӕрхондоны сӕргълӕууӕг Козаты Зӕринӕ ӕмӕ уыцы инстанцы тӕрхонгӕнӕг Собаты Григорийы сӕ бынӕттӕй ссӕрибар кӕныныл.

"Уыдон сӕ бынӕттӕй сӕрибар цӕуынц сӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ. Ацы бынӕттӕм конкурс куы расидтӕуыд, уӕд дзы уыдон хайад нӕ райстой, уымӕ гӕсгӕ нӕй зӕгъӕн, уый кӕй у политикон скъуыддзаг. Горӕттаг тӕрхондоны сконд сфидар кӕныны тыххӕй мах хъӕуы ссӕрибар кӕнын сӕ бынӕттӕй уыцы адӕмы, кӕцытӕ дарддӕр немӕ нал кусдзысты", — бамбарын кодта депутаттӕн Уӕлдӕр тӕрхондоны сӕрдар Коцты Олеся.

Парламентмӕ ацы кандидатурӕтӕ раздӕр ӕрбавдыста Хуссар Ирыстоны президент Библыты Анатолий.

Ацы фарстыты фӕдыл ӕлхынцъон скъуыддзаг ист ӕрцӕудзӕн ӕртыццӕджы парламенты рабадты.

Ног хабӕртты лентӕ
0