Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл

© пресс-служба Северо-Осетинской таможниХуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл
Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгатирыстойнаг таможнӕйы куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй фӕткхалджытӕ фӕнд кодтой Хуссар Ирӕй Уӕрӕсемӕ тамакойы нелегалон парти аласын

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik. Контрабантон тамакойы егъау парти ӕрцахстой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕныл, уадзӕн пункт "Дӕллаг Зӕрӕмӕджы", хъусын кӕны цӕгатирыстойнаг таможнӕйы пресс-службӕ.

Тамако - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны арæныл байстой тамакойы егъау парти

Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй хӕдтулгӕ, кӕцыйы шофыр уыд хуссарирыстойнаг ӕмбӕстаг, ахст ӕрцыд 10 апрелы, развӕлгъау хӕрзгӕнджытӕ контрабандӕйы тыххӕй кӕй фехъусын кодтой, уый фӕрцы.

Хӕдтулгӕ басгӕрстой рентгенон комплексы руаджы, контрабандон тамако ссардӕуыд машинӕйы уӕзтӕӕвӕрӕн хайы.

"Басгӕрсты фӕстиуӕгӕн ссардӕуыд 174 блокы тамако "PLAY HIT" фильтримӕ. Ӕдӕппӕт — 1746 къоппы, 34 920 тамакойы", — радзырдтой таможнӕйы.

Уагдоны пресс-службӕйы ма фехъусын кодтой марты ӕнгӕс цауы тыххӕй — уӕд дӕр нелегалон уаргъ аласын фӕнд кодта Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстаг.

© пресс-служба Северо-Осетинской таможниХуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл
Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл
© пресс-служба Северо-Осетинской таможниХуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл
Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл
1/2
Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл
2/2
Хуссар Иры ӕмбӕстӕгты ӕрцахстой Уӕрӕсемӕ тамакойы кондрабандӕйыл
Ног хабӕртты лентӕ
0