Хуссар Иры президент раныхас кодта Ялтæйы форумы æрбайгомы

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент раныхас кодта Ялтæйы форумы æрбайгомы
Хуссар Иры президент раныхас кодта Ялтæйы форумы æрбайгомы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий хайад райста Ялтайы IV æхсæнадæмон экономикон форумы æрбайгомы

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раныхас кодта Ялтайы IV æхсæнадæмон экономикон форумы æрбайгомы цытджын церемонийы, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæджы пресс-службæ. 

Форумы хайад исынц делегацитæ 70 бæстæйæ.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент раныхас кодта Ялтæйы форумы æрбайгомы
Президент РЮО Анатолий Бибилов на форуме в Ялте - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент раныхас кодта Ялтæйы форумы æрбайгомы

Йæ раныхасы Бибылты Анатолий банысан кодта форумы бæстæтæ-хайадисджыты перспективæтæ Республикæ Хъырым æмæ иумæйагæй Уæрæейы Федерациимæ контакттæ уæрæхдæр кæныны.

"Ам ис хорз перспективæтæ Хъырыммæ инвестицион проекттæн æмæ Хъырымæй нæ республикæтæм проектты фæдыл бадзырдтæн. Перспективæ æвæрд ис форумæн йæ номы дæр, махæй алкæйдæр фæнды нæ бæстæтæн, Уæрæсейæн æмæ æппæт дунейæн рухс фидæн", — загъта уый.

Республикæ Хъырымы сæргълæууæг Сергей Аксенов йæ раныхасы форумы æрбайгомы рæстæджы бахахх кодта, уæрæсейаг Хъырым цырд темптæй кæй рæзы æмæ фехъусын кодта, форумы архайды рæстæджы уынаффæ кæй цæудзæн Уæрæсейæн ахсджиаг фарстытыл.

Вид на Ялту со стороны Черного моря - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент абалц уыдзæн форуммæ Ялтамæ

"Афтæ ма фенын кæндзыстæм, фæстаг цыппар азы нын цы бантыст саразын, уый. Нæ уазджытæй бирæтимæ фембæлгæйæ, мах уынæм сæ хорз зæрдæйы уаг æмæ æнæдызæрдыгдзинад, форум кæй ацæудзæн æнтыстджытæй. Бузныг нæ хæлæрттæн форумыл æмæ уæрæсейаг Хъырымыл иузæрдиондзинады тыххæй", — загъта уый.

Форумы куыст адарддæр уыдзæн 21 апрелы онг.

Делегацийы сконды сты фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Дмитрий, Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр, экономикон райрæзты министр Кокойты Геннадий, транспорт æмæ сæудæджерады комитеты сæргълæууæг Бекъойты Геннадий.

Форумы фæлгтæтты бафыст æрцæудзæн Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы æхсæн фæндты тыххæй протокол.

Ног хабӕртты лентӕ
0