ХИПУ-йы рауагъдонтæ фæсуниверситетон ахуырад исдзысты Уæрæсейы

© Sputnik / Наталья АйриянЮОГУ
ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ ахуырады министрады квотæтæм гæсгæ не 'мбæстæгтæн ахуыры фадæттæ саразыныл дзырд цæудзæн ХИПУ-ы ректор Тедеты Вадим æмæ Уæрæсейы ахуырады министрады уæлдæр ахуырады департаменты минæвæртты фембæлды рæстæджы Петербурджы

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæлдæр ахуырадон уагдæтты (УАУ) рауагъдонтæ Уæрæсейы ахуырады министрады бюджетон квотæтæм гæсгæ исдзысты фæсуниверситетон ахуырад, фехъусын кодта ХИПУ-ы ректор Тедеты Вадим.

Нырмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ Уæрæсейы магистратурæ æмæ аспирантурæтæм ахуырмæ цыдысты ХИПУ æмæ уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæндæтты ʻхсæн дыварсон бадзырдты фæрцы.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæскуыйаг юракадеми æмæ ХИПУ сног кæндзысты æмгуыстады сразыдзинад

"Нырмæ кæд æмгуыстад кодтам УФ уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ, уæддæр æрмæстдæр дыварсон бадзырдты фæрцы. Ацы куыст хъæуы æрнывыл кæнын, цæмæй УАУ махæн ма агурой бюджетон бынæттæ, фæлæ мах бынæттæй ифтонг кæна Уæрæсейы ахуырад æмæ зонады министрад. Ацы фарсты равдыстой æмбарындзинад, ныр ма мын уыдзæн иу фембæлд Петербурджы Уæрæсейы ахуырады министрады уæлдæр ахуырады департаментимæ, цыран ацы фарстытыл цæудзæн уынаффæ", — загъта ректор.

Уый ма банысан кодта, уæрæсейаг ректорты цæдисы XI уанелы Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет (ХИПУ) кæй сфидар кæндзæн æмæ райтынг кæндзæн йæ ахастытæ Уæрæсейы æмæ раздæры Советон цæдисы бæстæты уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ.

"Кæд ма ʻзнон дæр уыдыстæм æндыгъд уавæрты æмæ нæ бон нæ уыд æрхонын профессорты æмæ студентты Хуссар Ирыстонмæ, уæд нын абон та фæзынд уавæртæ конференцитæ æмæ æндæр æмвæзады форумтæ уадзынæн", — бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0