Хуссар Иры аразынц ног фӕндаг

© alaniatvВЫСОКОГОРНЫЕ СЕЛА АЛАГИРСКОГО РАЙОНА СВЯЗАЛА НОВАЯ ДОРОГА
ВЫСОКОГОРНЫЕ СЕЛА АЛАГИРСКОГО РАЙОНА СВЯЗАЛА НОВАЯ ДОРОГА - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы районы ногарӕзт фӕндаг ратдзысты эксплуатацимӕ майы фыццаг декадӕйы

ЦХИНВАЛ, 4 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕнынц Ходы хъӕумӕ ног фӕндаджы арӕзтады куыстытӕ. Уый тыххӕй радзырдта Цхинвалы районы х.ӕ. сӕргълӕууӕг Бибылты Валерий йӕ радон фембӕлды хицауады сӕрдар Пухаты Эрикимӕ, хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Бибылты Валерий банысан кодта, хӕлд фӕндаг хъӕуы цӕрджытӕн бирӕ рӕстӕг кӕй уыдис сӕ иууыл ахсджиаг проблемӕтӕй иу, сӕйраджыдӕр та-иу къӕвда куы рауарыд, уӕд.

"Фӕндаджы арӕзтадмӕ Цхинвалы районы Ходы хъӕуы мах бавнӕлдтам фарон, фӕлӕ стӕй куыстытӕ ӕрурӕдтам, ӕхцайы фӕрӕзтӕ нӕм кӕй нал уыд, уый тыххӕй. Ацы тӕккӕ куыстытӕ фӕхӕццӕ кӕнынц кӕронмӕ", — банысан кодта Бибылты Валерий.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, боныгъӕд сӕ куы бауадза, уӕд ӕртӕ километры дӕргъӕн фӕндаг кӕй ратдзысты эксплуатацимӕ майы фыццаг декадӕйы.

Фӕндаджы фӕрсты сӕвӕрдзысты кюветтӕ дон ацӕуӕнӕн, цӕмӕй ӕмбӕрзт фылдӕр фӕлӕууа. Фӕстӕдӕр та бавналдзысты донхӕрӕн арыхъхъытӕ сыгъдӕг кӕныны куыстытӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0