Донецкаг курсанттæ хайад райстой парады репетицийы Цхинвалы

© Пресс-служба Минобороны РЮОПарады репетици Цхинвалы
Парады репетици Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Курсанттæ ДАР-æй хайад райсдзысты Цхинвалы æфсæддон парады, хуссарирыстойнаг æфсæддонтæ та цытджын маршæй рацæудзысты Донецкы

ЦХИНВАЛ, 4 мая — Sputnik. Стыр Уæлахизыл 73 азы сæххæсты цытæн парады репетици ацыд Цхинвалы театралон фæзуаты, фехъусын кодтой Sputnik Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.

9 Мая Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕлахизы бон Хуссар Иры: Цхинвалы ацыд ӕфсӕддон парад

Хуссар Ирыстоны гарзджын тыхты æппæт дæлхайæдтæ цæттæ кæнынц Стыр Уæлахизыл 73 азы сæххæсты цытæн парадмæ.

"Репетицийы архайдтой Донецкы уæлдæр иумæйаг командон ахуыргæнæндоны курсанттæ. Донецкы Адæмон Республикæйы æфсæддонтæ хайад райсдзысты 9 майы парады Цхинвалы", — банысан кодтой уагдоны.

Уагдоны бамбарын кодтой, донецкаг курсантты æрцыд æмæ хуссарирыстойнаг æфсæддонты арвитыны бадзырд сфидар кодтой Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий æмæ Донецкы лидер Александр Захарченко январы.

"Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады дæлхайæдтæй кæцыдæртæ хайад райсдзысты ДАР æфсæддон парады. Уыдон ныццыдысты Донецкмæ æмæ архайдзысты парады репетицийы дæр",- банысан кодтой министрады.

© Пресс-служба Минобороны РЮОПарады репетици Цхинвалы
В Цхинвале прошла репетиция Парада Победы с участием курсантов из ДНР - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парады репетици Цхинвалы

Репетицийы рацыдысты хъахъхъӕнынады министрады (ХМ) дӕлхайӕдтӕ, Кадетон скъолайы курсанттæ, МХМ, ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕйы, УУМ, Хуссар Ирыстоны уӕвӕг Уӕрӕсейы ӔФС-йы Арӕнгӕрон управленийы, УФ хъахъхъӕнынады министрады 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайадтӕ. Репетицийы ма архайдтой ХМ, МХМ сылгоймæгты дæлхайæдтæ æмæ Кадетон скъолайы чызг-гуымсæгцæгъдджытæ

.

Ног хабӕртты лентӕ
0