Хуссар Иры ирвӕзынгӕнӕг-альпинисттӕ ӕрсадздзысты Уӕлахизы тырыса Цъӕйы

Рафыссын
Ирвӕзынгӕнджытӕ сӕ хӕрдмӕцыд снывонд кӕндзысты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы 73 азы цытӕн

ЦХИНВАЛ, 7 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорды ӕхсӕз ирвӕзынгӕнӕг-альпинисты ацыдысты хӕххон цӕттӕкӕнынады рӕвдзытӕм Цъӕймӕ, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Уæрæсе æмæ Хуссар Иры æфсæддон альпинисттæ басастой пик Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсе æмæ Хуссар Иры æфсæддон альпинисттæ басастой "пик Дзæуджыхъæу"

Рӕвдзытӕ уагъд цӕудзысты 8 маймӕ.

"Рӕвдзыты рӕстӕджы сӕ иу хай радон хатт сфидар кӕндзӕн сӕ профессионалон квалификаци, иннӕтӕн та фыццаг хатт ратдзысты профессионалон альпинистты чингуытӕ", — хъусын кӕны УУМ.

Балцы рӕстӕджы хуссарирыстойнаг альпинисттӕ се 'мкусджытимӕ Мӕскуыйӕ, Цӕгат Ирыстонӕй, Мурманскӕй, Ставрополӕй ӕмӕ "Россоюзспас"-ӕй бархионтимӕ сӕххӕст кӕндзысты хӕрдмӕцыд Урс Хохы бӕрзӕндмӕ, цӕмӕй дзы ӕрсадзой Уӕлахизы тырыса.

Ног хабӕртты лентӕ
0