Тыхон структурӕтӕ 9 маймӕ фӕкарз кодтой ӕдасдзинады мадзӕлттӕ

© Sputnik / Алексей КовалевТыхон структурӕтӕ 9 маймӕ фӕкарз кодтой ӕдасдзинады мадзӕлттӕ
Тыхон структурӕтӕ 9 маймӕ фӕкарз кодтой ӕдасдзинады мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕдасдзинады мадзӕлттӕ ист цӕудзысты Цхинвалы ӕмӕ районты, афтӕ ма Гуырдзыстонимӕ арӕныл

ЦХИНВАЛ, 8 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) ӕппӕт хисӕрмагонд сконды ракодтой службӕ хӕссыны фӕтыхджындӕргонд режиммӕ, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ хъахъхъӕндзысты ӕхсӕнадон фӕтк Уӕлахизы бонӕн нывонд бирӕнымӕц культурон-бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы. Милицийы уӕлӕмхас посттӕ ӕвӕрд ӕрцӕудзысты мадзӕлттӕ уадзыны бынӕтты, развӕлгъау сӕ басгардзыстысӕрмагонд техникон фадӕтты руаджы, афтӕмӕй", — дзырдӕуы МХМ хъусинаджы.

Уӕлахизы парады бӕстон репетици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацыд Уӕлахизы парады бӕстон репетици

Уӕлдай хъусдард ма, банысан кодтой уагдоны, здӕхт уыдзӕн фӕндагон ӕдасдзинадмӕ, ӕхсӕнадон фӕткхалджыты ӕруромынмӕ, хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй скъӕрыны цаутӕ рафӕлгъауынмӕ куыд горӕты, афтӕ республикон фӕндӕгтыл дӕр.

Ӕдасдзинады уӕлӕмхас мадзӕлттӕ ма ист цӕуынц Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл дӕр. Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй къуырисӕры изӕрӕй ӕрӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ арӕныл.

Уыдон сӕ куыст ӕрвылбонон режимы сног кӕндзысты 10 майы райсомӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0