Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ фембӕлдысты арӕныл

© Sputnik / Наталья АйриянГраница
Граница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвар радзырдта ИӔАМ-ы форматы радон фембӕлды фӕстиуджыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мартӕй фӕстӕмӕ ӕрцахстой Гуырдзыстоны 13 ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ ӕнӕзакононӕй ахызтысты республикӕйы паддзахадон арӕны сӕрты, радзырдта Инциденттæ ма руадзыны æмæ сæ аиуварс кæныны механизмты (ИӔАМ) форматы радон фембӕлды фӕстӕ фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл РХИ-ы президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл ауагътой 86-ӕм фембӕлд ИӔАМ-ы форматы. Боны фӕткмӕ рахастой цалдӕр фарсты паддзахадон арӕны ӕдасдзинад ӕмӕ инцидентты тыххӕй, кӕцытæ баст сты арӕнмӕ 'ввахс территоритыл провокацитимӕ.

"Уыд нын вазыгджын ныхас æрæджыйы хабары тыххӕй, гуырдзиаг расткадон аргъуаны минӕвӕртты куы фӕндыд ауадзын службӕ Адзысары цур аргъуаны. Мах сын бамбарын кодтам, уый раст кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ уый у паддзахадон арӕны фехӕлд, ӕмӕ ОБСЕ-йы цӕстдарыны миссийӕн бамбарын кодтам, ахӕм архайдтӕ кӕй сты провокацитӕ", — загъта Джиоты Мурæт.

Ӕххӕстбарджын ма радзырдта, фембӕлды рӕстӕджы та гуырдзиаг делегаци кӕй рахаста Арчил Татунашвилийы мæлæты фарст.

МПРИ Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурæт: РХИ цæттæ у кусын, ИӔАМ-ы фембæлды къуыхцымæ æнæкæсгæйæ

Джиоты Мурæт банысан кодта, Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ кӕй басастысты, эскпертон хатдзӕг сӕм кӕй нӕй йӕ фӕмарды аххосæгты тыххӕй.

"Хуссар Ирыстон бахахх кодта, Татунашвили удыгасӕй кӕй хъуыдис нӕ сӕрмагонд службӕты. Татунашвили фӕмард йӕхи мӕлӕтӕй ӕмӕ Хуссар Ирыстоны аххосджын кӕнын раст нӕу", — загъта ӕххӕстбарджын.

ИӔАМ-ы форматы фембӕлдтӕ уадзынц иудадзыгӕй 2009-азӕй фӕстӕмӕ. Уыдоны хайад исынц Хуссар Ирыстоны, Уӕрӕсейы ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ, ӕмӕ сӕ уадзынц ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисы ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0