Цхинвалы банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтары 100-азон юбилей

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтары 100-азон юбилей
Цхинвалы банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтары 100-азон юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны тӕхӕджы нывондӕн мадзал ауагътой дӕсӕм астӕуккаг скъолайы, кӕцы хӕссы Советон цӕдисы хъайтары ном

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Цхинвалы дӕсӕм астӕуккаг скъолайы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтар, тӕхӕг Цоциты Василийы райгуырдыл сӕдӕ азы сӕххӕсты бӕрӕгбон. Мадзалмӕ фӕхуыдтой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы, хицауады кусджыты, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветеранты, афтӕ ма хъайтары хӕстӕджыты дӕр.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтары 100-азон юбилей
100-летие со дня рождения Героя Советского Союза Василия Чочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтары 100-азон юбилей

Скъолайы ахуырады хайады гӕс Джиоты Манана радзырдта тӕхӕджы цард ӕмӕ ӕфсӕддон сгуыхтыты тыххӕй, афтӕ ма йӕ хъайтардзинады тыххӕй тохы быдыры.

"Мах сӕрыстыр стӕм, Цоциты Василий не скъолайы кӕй ахуыр кодта, ӕмӕ йӕ алы аз дӕр фӕмысӕм ацы нысаниуӕгджын боны", — радзырдта уый.

Цоциты Василийы номыл концерты хайад райстой скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ, кӕцытӕ фарстой хъайтары тыххӕй ӕмдзӕвгӕтӕ, зарыдысты ӕфсӕддон зарджытӕ ӕмӕ дзырдтой цымыдисон хабӕрттӕ йӕ цардӕй.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтары 100-азон юбилей
100-летие со дня рождения Героя Советского Союза Василия Чочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтары 100-азон юбилей

Респибликӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий банысан кодта, ахӕм хъайтарты хъуыды кӕнын тынг ахсджиаг хъуыддаг кӕй у.

"Советон цӕдисы хъайтар Цоциты Василий у ӕппӕт ирон адӕмы хъайтар ӕмӕ мах хъуамӕ ӕнӕмӕнг хъуыды кӕнӕм ӕмӕ дзурӕм йӕ сгуыхтыты тыххӕй, цӕвиттонӕй йӕ хӕссӕм рӕзгӕ фӕлтӕрӕн. Хуыцау зӕгъӕт, цӕмӕй ацы скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр байрӕзой ахӕм хъӕбатыр патриоттӕй", — загъта президент.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтары 100-азон юбилей
100-летие со дня рождения Героя Советского Союза Василия Чочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы банысан кодтой Советон цӕдисы хъайтары 100-азон юбилей

Цоциты Василий хайад иста Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты, ССРЦ сӕйраг советы Президиумы бадзырдмӕ гӕсгӕ йын радтой Советон цӕдисы хъайтары ном, афтӕ ма Ленины орден ӕмӕ майдан "Сыгъзӕрин стъалы". Цоциты Василий фӕмард 1947 азы йӕ хӕс ӕххӕстгӕнгӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0