Медойты Дмитрий: Абхазимӕ хӕлардзинад фидар кӕны

© Sputnik / Томас ТхайцукМедойты Дмитрий
Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медойты Дмитрий Абхазы президентимӕ фембӕлды рӕстӕджы банысан кодта дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн ӕсфидаргонд ахастытӕ

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий хайад райста Абхазы президент Рауль Хаджимбаимӕ фембӕлды, хъусын кӕны дипломатон уагдоны пресс-службӕ.

© МИД РЮОХуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий
Министр иностранных дел Республики Южная Осетия Д.Н. Медоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий

Фембӕлды ма хайад райстой Уӕрӕсейы ФХМ, Днестыргӕрон ӕмӕ Арцахы минӕвӕрттӕ дӕр, кӕцытӕ ӕрцыдысты Абхазы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады сарӕзтыл 25 азы сӕххӕсты бӕрӕгбонмӕ.

Президент раарфӕ кодта уазджытӕн, загъта сын бузныджы ныхӕстӕ бӕрӕгбонон мадзӕлтты сӕ хайадисты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, тынг ахсджиаг кӕй у хӕлар бӕстӕтимӕ ахастытӕ фидар кӕнын.

Медойты Дмитрийы схорзӕхджын кодтой паддзахы бинонты номыл премийӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Медойты Дмитрийы схорзӕхджын кодтой паддзахы бинонты номыл премийӕ

Медойты Дмитрий раарфӕ кодта Абхазы паддзахады сӕргълӕууӕгӕн Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы номӕй ӕмӕ банысан кодта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы ӕхсӕн хӕларадон ахастыты позитивон динамикӕ. Афтӕ ма министр бахахх кодта Бибылты Анатолийы официалон балц Абхазмӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстонмӕ та Абхазы президенты дзуаппы визиты нисаниуӕг.

Афтӕ ма фембӕлды хайадисджытӕ загътой бузныджы ныхӕстӕ Рауль Хаджимбайӕн хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ йын раарфӕ кодтой Абхазы фӕсарӕйнаг хъуыдтӕгты министрады сырӕзтыл 25 азы сӕххӕсты фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0