Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой уынджы ӕхсыны тыххӕй

© ЦОС ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæАвтомат
Автомат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕткхалӕг радта барадхъахъхъӕнӕг органтӕн цы хӕцӕнгарзӕй ӕхста, уый

ЦХИНВАЛ, 21 май — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта уынджы хӕцӕнгарзӕй ӕнӕзакононӕй ӕхсыны фӕдыл, хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ.

Фӕткхалӕджы ӕрцахстой дысон ӕхсӕв БАМы районы.

"Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къордты патрулон экипажтӕ ӕрцахстой Цхинвалы 22-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта хӕцӕнгарзӕй ӕнӕзакононӕй ӕхсыны фӕдыл", — фехъусын кодта МХМ.

Афтӕ ма фыдгӕнӕг барвӕндонӕй радта барадхъахъхъӕнӕг органтӕн автомат АК-74, йӕ агъуд ӕмӕ 5,45 калибры 19 нӕмыгимӕ.

Цау ӕвзары Цхинвалы мидхъуыддӕгты управлени.

Ног хабӕртты лентӕ
0