Хуссар Иры фӕсивӕд нысан кодтой дыууӕ бӕрӕгбоны Цхинвалы центры

© пресс-служба РМОО "Единая Алания"Хуссар Иры фӕсивӕд нысан кодтой дыууӕ бӕрӕгбоны Цхинвалы центры
Хуссар Иры фӕсивӕд нысан кодтой дыууӕ бӕрӕгбоны Цхинвалы центры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Театралон фӕзуатыл уагъд ӕрцыд "Ирон хъазт", уыцы бон ма Цхинвалы уынгты ацыд автозгъорд

ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik. Республикон фӕсивӕдон ӕхсӕнадон организаци "Иугонд Алани" ауагъта дыццӕджы "Ирон хъазт" Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны бӕрӕгбон ӕмӕ Сирийы рдыгӕй банымады цытӕн, хъусын кӕны организацийы пресс-службӕ.

© пресс-служба РМОО "Единая Алания"Хуссар Иры фӕсивӕд нысан кодтой дыууӕ бӕрӕгбоны Цхинвалы центры
В Цхинвале отметили признание Сирией независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕсивӕд нысан кодтой дыууӕ бӕрӕгбоны Цхинвалы центры

Цалынмӕ кафын райдыдтой, уӕдмӕ ӕрбамбырдуӕвджыты раз ралӕууыд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы адӕмон артист Саппиты Зӕлинӕ, кӕцы фехъусын кодта, Сири кӕй банымадта республикӕйы хӕдбардзинад.

"Уый фӕстӕ райдыдта "Ирон хъазт", кӕцы сарӕзтой ирон ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ. Фӕсивӕд зарыдысты ирон зарджытӕ, кафыдысты ӕмӕ тынг хорз арвыстой сӕ рӕстӕг", — банысан кодта организацийы пресс-службӕ.

Уыцы бон ма "Иугонд Алани" ауагъдта автозгъорд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны бӕрӕгбон ӕмӕ Сирийы рдыгӕй банымады цытӕн. Згъорды хайад райстой 30 машинӕйӕ фылдӕр, хайадисджыты къухты уыдысты Уӕрӕсе, Сири, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны тырысатӕ.

© пресс-служба РМОО "Единая Алания"Автозгъорд Цхинвалы
В Цхинвале отметили признание Сирией независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автозгъорд Цхинвалы

Дыццӕджы Хуссар Ирыстоны нысан кодтой республикӕйы хӕдбардзинад расидыны бӕрӕгбон. Уыцы бон ма Сири фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны тыххӕй дӕр.

Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад расидыны Акт райста республикӕйы Уӕлдӕр Совет 1992 аз 29 майы. Ацы датӕ республикӕйы у бӕрӕгбонон ӕмӕ улӕфты бон.

Ног хабӕртты лентӕ
0