Президент раарфӕ кодта Джиоты Вероникайӕн сгуыхт ном райсыны фӕдыл

© FacebookДжиоты Вероника ӕмӕ Бибылты Анатолий
Джиоты Вероника ӕмӕ Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппӕрӕмы Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин бафыста указ, цӕмӕй цхинвайлаг оперон зарӕггӕнӕг Джиоты Вероникайӕн радтой Уӕрӕсейы сгуыхт артисты ном

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Джиоты Вероникайы диссаджы вокалон курдиат балхӕдта бирӕ адӕмы зӕрдӕтӕ ӕппӕт дунейы, загъта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы дунейон ӕмвӕзады оперон зарӕггӕнӕгӕн Уӕрӕсейы Федерацийы сгуыхт артисты ном райсыны цытӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Джиоты Вероника - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Вероника райста Уӕрӕсейы сгуыхт артисты ном

Зындгонд оперон зарӕггӕнӕг ныридӕгӕн у Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сгуыхт ӕмӕ адӕмон артист, афтӕ ма бирӕнымӕц уӕрӕсейаг ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон конкурсты лауреат дӕр.

"Дӕ диссаджы вокалон курдиат балхӕдта бирӕ адӕмы зӕрдӕтӕ ӕппӕт дунейы. Мӕн уырны ӕмӕ дын дӕ иузӕрдыгдзинад кӕсджытӕм баххуыс кӕндзӕн бакӕнын нырма бирӕ рӕсугъд куыстытӕ ӕмӕ дӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕнын", — дзырдӕуы арфӕйы.

Паддзахады сӕргълӕууӕджы зӕрдӕ бауарзта Джиоты Вероникайӕн ӕнӕниздзинад, сфӕлдыстадон уӕлахизтӕ ӕмӕ бирӕ энерги.

Ног хабӕртты лентӕ
0